ДАР ӕмӕ ЛАР минӕварадтӕ байгом уыдзысты Мӕскуыйы ӕввахс рӕстӕджы

© Photo : Официальный сайт города Сухум ДАР ӕмӕ ЛАР тырысатӕ
ДАР ӕмӕ ЛАР тырысатӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 26.04.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 26 апр — Sputnik. Луганскаг ӕмӕ Донецкаг адӕмон республикӕты минӕварадтӕ байгом уыдзысты тагъд УФ сӕйраг горӕты, гӕнӕн ис ӕмӕ иу-дыууӕ мӕймӕ. Уый тыххӕй РИА Новости фехъусын кодта дипломатон ратӕдзӕн.
"Бацархайдзыстӕм, цӕмӕй уый арӕзт ӕрцӕуа ӕввахс рӕстӕджыты, цас раздӕр, уыййас хуыздӕр. Кӕнӕм конкретон куыст", - загъта агентады ныхасӕмбал.
Владимир Путин 21 февралы Паддзахадон думӕйы депутаттӕ ӕмӕ Донбассы республикӕты сӕргълӕуджыты куырдиаты фӕстӕ бафыста барамынд ЛАР ӕмӕ ДАР суверенитет банымайыны фӕдыл. Дыккаг бон Уӕрӕсе сфидар кодта ног бӕстӕтимӕ дипломатон ахстытӕ.
Ног хабӕртты лентӕ
0