Хуссар Иры ФХМ снысан кодта йӕ официалон минӕвары Австрийы

© МИД РЮО Патрик Поппель
Патрик Поппель - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 26.04.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 26 апр - Sputnik. Хуссар Ирыстоны фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрады официалон минӕварӕй Австрийы нысан ӕрцыд А.В. Суворовы номыл Венаг институты генералон секретарь Патрик Поппель. Уый тыххӕй хъусын кӕны Хуссар Ирыстоны ФХМ пресс-службӕ.
Хъусинагӕй куыд бӕрӕг у, афтӕмӕй Поппель ФХМ барамындӕй йӕ куыстмӕ бавнӕлдта 15 апрелӕй.

Биографион справкӕ:

Патрик Поппель райгуырд 1985 азы 19 майы Венайы, Австрийы.
2003 азы фӕцис астӕуккаг скъола Венайы.
2003 - 2005 азы ахуыр кодта астӕуккаг скъолайы Хорны.
2006 - 2008 азты уыд Венаг университеты студент.
Кусӕгон архайд райдыдта 2008 азы бизнесы къабазы.
2019 азӕй - хӕдбар журналист ӕмӕ политикон афӕлгӕсӕг.
Ныридӕгӕн у Австрийы уӕвӕг Хъырымы хӕлӕртты клубы сӕрдар, архайы Уӕрӕсейаг дуне ӕмӕ Европӕйы хсӕн ӕхсӕнадон-политикон ӕмӕ культурон бастдзинӕдтӕ райтынг кӕныныл. Уыд ӕхсӕнадӕмон цӕстдарӕг Хуссар Иры президентон ӕвзӕрстыты, афтӕ ма Уӕрӕсейы (Хъырым), Донецкы ӕмӕ Абхазы.
Ног хабӕртты лентӕ
0