Сӕрмагонд операцийы УФ ӕфсӕдтӕ скуынӕг кодтой танктӕ ӕмӕ техникӕйы 2,5 минӕй фылдӕр иуӕджы

© Sputnik / РИА Новости /  Ахизын медиабанкмæУФ ӕфсӕдтӕ
УФ ӕфсӕдтӕ  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 26.04.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 26 апр – Sputnik. Украинайы сӕрмагонд ӕфсӕддон операцийы райдайӕнӕй ӕдӕппӕт скуынӕг кодтой танктӕ ӕмӕ ӕндӕр хӕстон бронетехникӕйы 2567 иуӕджы. Уый тыххӕй райсомы брифингыл фехъусын кодта УФ Хъахъхъӕнынады министрады официалон минӕвар инӕлар-майор Игорь Конашенков.
Афтӕ ма сӕрмагонд операцийы рӕстӕджы скуынӕг кодтой: 145 хӕдтӕхӕджы, 110 вертолеты, 583 ӕнтӕпилотон тӕхӕг аппараты, 269 зенитон ракетон комплексы, залпон ӕхсты реактивон системӕты 287 иуӕджы, быдырон артиллери ӕмӕ минометты 1111 сармадзаны, сӕрмагонд ӕфсӕддон автомобилон техникӕйы 2392 иуӕджы.
Уӕрӕсейаг ӕфсад Мариуполы  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 25.04.2022
Ӕфсад алцыдӕр сараздзӕн сабыр ӕмӕ фидарӕй: эксперт сӕрмагонд операцийы фӕстиуджыты тыххӕй
Конашенков бафтыдта, зӕгъгӕ, ӕхсӕвы дӕргъы Уӕрӕсейы уӕлдӕфон-космикон ӕфсӕдтӕ скуынӕг кодтой Украинайы цыппар ӕфсӕддон объекты. Сӕ нымӕцы, ныхмӕлӕууӕджы техникӕ ӕмӕ солдатты лӕууыны бынӕттӕ, хӕстӕрмӕджыты дыууӕ ӕфтауцы Харьковы областы Курулька ӕмӕ Новая Дмитровка районты.
Уӕрӕсе 24 февралы райдыдта сӕрмагонд ӕфсӕддон операци Украинайы демилитаризаци ӕмӕ денацификацийы фӕдыл. Бӕстӕйы Хъахъхъӕнынады министрады куыд банысан кодтой, афтӕмӕй УФ Гарзджын тыхтӕ ӕхсынц ӕрмӕстдӕр ӕфсӕддон инфраструктурӕ ӕмӕ украинаг ӕфсӕдты.
Ног хабӕртты лентӕ
0