Алексей Пережогин: кусдзыстӕм Хуссар Иры медицинон лӕггӕдтӕ ног ӕмвӕзадмӕ ракӕныныл

© Photo : Пресс-служба Минздрава РЮОАнестезиолог-реаниматологтӕ Алексей Пережогин ӕмӕ Ольга Пережогина
Анестезиолог-реаниматологтӕ Алексей Пережогин ӕмӕ Ольга Пережогина - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 27.04.2022
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны ацы бонты сӕ куыст райдыдтой уӕрӕсейаг анестезиолог-реаниматологтӕ Алексей Пережогин ӕмӕ йӕ бинойнаг Ольга Пережогина. Уазæг специалисттӕ кусдзысты азы кӕронмӕ Цхинвалы сывӕллӕтты рынчындоны ӕмӕ рынчындоны реанимацион хайады. Дӕргъвӕтин командировкӕйы уыдон биноныг кӕндзысты раззагон методикæтæ, уадздзысты мастер-класстӕ бынӕттон медиктӕн æмæ сӕ цайдагъ кæндзысты уæвæг ифтонгады амæлттæй пайда кæныныл. Дыууæ дохтыры фараст мæйы дæргъы бынæттон медиктимæ архайдзысты медицинон лӕггӕдтӕ хуыздӕр ӕмвӕзадмӕ ракӕныныл.

Плиты Фатимӕ, Sputnik

- Алексей Викторы фырт, радзур ма нын Де 'рцыды тыххæй.
Ме 'мкъай Ольгаимӕ ӕрцыдыстӕм ӕхсӕнхицауадон нывӕзты фӕлгӕтты. Мах стæм анестезиологи-реаниматологи ӕмӕ неонатологийы сферӕтӕй. Ӕз сывӕллӕтты хайады кусдзӕн, мӕ бинойнаг та ацы фадыджы хистӕр кары адӕмы хайады. Ӕз дӕн дохтыр анестезиолог-реаниматолог, стӕй ма мын ис дӕсниад дохтыр-неонотолог ӕмӕ нефролог, кусын Новосибирскы сӕйраг дохтыры хӕдивӕгӕй. Уымӕй дарддӕр ма кусын хисӕрмагонд диализон центр "Нефролайн"-ы.
- Хуссар Ирыстоны Де 'рцыды рӕстӕгмӕ цы куыст кӕндзынӕ?
Ам мӕ бӕрны уыдзысты Сывӕллӕтты рынчындоны медикты консультацитӕ анестезиологи-реаниматологийы фарстыты фӕдыл, Гуырӕн хӕдзары специалистты та неонатологийы ххахыл. Уый нымӕцы хоскӕнынады ног медтодикӕтӕ ныббиноныг кӕнын. Ам бынаты ис дохтыртӕ - ӕвзӕнгтӕ дӕр ӕмӕ фӕлтӕрдтӕ дӕр, кӕцыдӕртимӕ куыстам уымӕй размӕ.
- Ныры ӕрцыд Дӕ фыццаг балц нӕу Хуссар Ирыстонмӕ?
Ӕз уыдтӕн Хуссар Ирыстоны 2017 азы, Сывӕллӕтты рынчындон куы бакодтой, уæд. Ӕххуыс кодтам хайад бакӕнынӕн ӕмӕ йӕ куыст ӕрнывыл кӕнынӕн. Ныр дӕр нӕ куыст у ӕнгӕс. Ӕххуыс кӕнӕм нӕ коллегӕтӕн ног технологитӕ ныббиноныг кӕнын, афтӕ ма сывӕллӕтты ӕмӕ хистӕрты реанимацийон хайады нывыл куыст сцайдагъ кӕнын.
- Бӕстондӕрӕй, цы хауы ног технологитӕ ныббиноныг кӕнын ӕмӕ куыст срӕвдз кӕнынмӕ?
Рынчындоны ӕцӕг ис хорз аппаратурӕ, ис дзы экспертон кълассӕй. Мӕ ахуырты нымӕцы ис уыцы ифтонгадыл архайыны методикӕ, уый нымӕцы мастер-класстӕ анестезиологийӕ, стӕй ма ноггуырд сабитӕ, кӕцытӕн сæхи бон хӕрын нӕу, уыдонæн хӕрын кӕныны фарстӕй. Рынчындӕтты уавӕртӕ хынцгӕйӕ архайдзыстӕм уыдон ныббиноныг кӕнын царды. Уымӕй дарддӕр уадзӕм ахуыртӕ медхотимӕ, уымӕн ӕмӕ рынчыны хоскӕнынады стыр нысаниуӕг ис уыдон куыстӕн. Сты хорз цӕттӕ, рацыдысты уӕлӕмхас профессионалон ахуыртӕ. Медхо-анестезисттæн ис чысыл бӕрзонддӕр ӕмвӕзад. Уыдон сӕ цӕттӕкӕнынад бӕрзонд кодтой фондз азы размӕ ӕмӕ куыст адарддӕр уыдзӕн ныр.
- Цас рӕстӕг ахӕсдзӕн Дӕ куыст Хуссар Ирыстоны?
Апрелӕй райдыдтам ӕмӕ кусдзыстӕм суанг азы кӕронмӕ - 31 декабыры онг. Ӕрвылбон. Кусӕгон бон райдайы дохтырты иумӕйаг конференцийӕ, цы ран ныхас кӕнӕм ног пациентты тыххӕй. Уый фӕстӕ хайады цӕуы оперативон ӕмбырд, уынӕм рынчынты. Ам бынаты цы дохтыртӕ ис, уыдонӕн дӕр ис егъау фӕлтӕрддзинад, мах та сын ӕргом кӕндзыстӕм, Уӕрӕсейы цы методикӕтӕ ис, уыдон.
- Хуссар Ирыстоны Сывӕлӕтты рынчындон у ног арӕзт ӕмӕ ифтонгад дӕр ног уыдзӕн, цы у Дӕ бон уый тыххӕй зӕгъын?
Ам ис бирӕ ног ифтонгад, чысыл цыдæртæ ма хуыздӕр уаид балхӕнын. Нӕ хӕс у, цӕмӕй цы ифтонгад ис, уый ӕнӕхъуаджы ма лӕууа, фӕлӕ дзы пайда кӕной. Иумӕйагӕй, нӕ архайд хъуамӕ ӕркӕна медицинон лӕггӕдтӕ хуыздӕр ӕмвӕзадмӕ ракӕнынмӕ. Хуссар Ирыстоны ис закон, кӕцымӕ гӕсгӕ медицинӕ хъуамӕ уа хӕрзгъӕд ӕмӕ алкӕмӕн дӕр.
- Ды дӕхӕдӕг кусыс Сывӕллӕтты рынчындоны, де 'мкъай цы куыст ӕххӕст кӕны РБМЦ-ы?
Уый кусы реаниматологи ӕмӕ анестезиологийы хайады рынчындоны, кусдзӕн уыцы хайады специалисттимӕ, ис дзы хорз дохтыртӕ ӕмӕ аккаг уавӕртӕ. Уым дæр ис хорз фадӕттӕ, пациенттӕн хицӕнӕй уӕвыны уавӕртӕ, ис дзы фадӕттӕ, цӕмӕй рынчынтӕм сӕ хъус дарой сӕ хиуӕттӕ. Уымӕн стыр нысаниуӕг ис адӕймаджы къахыл слӕууын кӕныны хъуыддаджы. Ольга дӕр кӕндзӕн ӕнгӕс куыст, цайдагъ кӕндзӕн ногдзинӕдтыл ӕмӕ дӕтдзӕн мастер-класстӕ. Ныридӕгӕн ахуыр кӕны уавӕр. Уӕлдай хъусдард здӕхт ӕрцӕудзӕн сӕры магъзы тугӕзмӕлдимӕ проблемӕтӕм ӕмӕ инфарктимӕ пациенттӕм. Уый дӕр ам кусдзӕн азы кӕронмӕ.
- 2017 азӕй рацыд фаг рӕстӕг, цы ивындзинӕдтӕ ӕрӕййӕфтай ныр Хуссар Ирыстоны?
Гуырӕн хӕдзар у ног. Уыдон дих цӕуынц ӕмвӕзадтыл. Ӕз ӕй нымайын дыккаг ӕмвӕзады перинаталон центрыл. Хорз хатӕнтӕ, ныййарӕг ӕмӕ ноггуырдӕн иумӕ уӕвыны фадӕттӕ, дохтыртӕн хорз уавӕртӕ. Фӕзынд туджы ӕмӕ гемодиализы службӕтӕ. Уыдон хорзӕрдӕм ивынц царды гьӕд.
Уазӕг медиктӕ каст фесты Читайы паддзахадон медицинон академи, райстой дӕсниад реаниматологи-анестезиологийы къабазы. Дӕс азы бӕрц фӕкуыстой сӕ дӕсниадмӕ гӕсгӕ сӕхи горӕты. 2014 азӕй фӕстӕмӕ ацыдысты Новосибирскмæ. Нӕлгоймаг кусы сӕйраг дохтыры хӕдивӕгӕй медицинон фарстыты фӕдыл, сылгоймаг та у реанимаци ӕмӕ интенсивон терапийы хайады хистӕр. Райстой уӕлӕмхас ахуырад дӕр, рацыдысты квалификаци бӕрзонд кӕныны ахуыртӕ, сӕ нымӕцы фӕсарӕнты дӕр. Сты уӕлдӕр классы специалисттӕ.
Ног хабӕртты лентӕ
0