Биолабораторитӕ Украинӕйы. Цы ис бӕрӕг сӕ куысты фӕдыл абоны бонмӕ

© Sputnik / Максим Богодвид /  Ахизын медиабанкмæБиоӕрмӕг
Биоӕрмӕг - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 27.04.2022
Рафыссын
Иван Зуев, Sputnik
Фӕстаг мӕйы дӕргъы УФ Хъахъхъӕнынады министрад ныммыхуыр кодта дӕсгай документтӕ, кӕцытӕ ӕргом кӕнынц Украинӕйы биолабораториты куыст ӕмӕ сӕ армдарджыты Америкӕйӕ. Ацы документты фӕдыл афӕлгӕст кӕсут Sputnik ӕрмӕджы.

Цы ссардтой УФ Хъахъхъӕнынады министрад

Украинӕйы территорийыл дӕсгай азты дӕргъы кусынц 30 биолабораторийӕ фылдӕр, кӕцытӕ уадзынц иртӕстытӕ биологион хӕцӕнгарзы арӕзтады фӕдыл дӕр. Уый бӕрӕг кӕнынц документтӕ, кӕцытӕ бахаудтой уӕрӕсейаг Хъахъхъӕнынады министрадмӕ ӕмӕ кӕцытӕ 31 мартӕй фӕстӕмӕ райдыдта ахуыр кӕнын парламентон къамис Украинӕйы биолабораториты архайд басгарыны фӕдыл.
Лабораториты системӕйы сӕйраг объект у Украинӕйы зонад-технологион центр, кӕцы арӕзт ӕрцыд 1993 азы. Ацы азты дӕргъы уый ӕмгуыстад кодта Америкӕйы иугонд штатты (АИШ) Паддзахадон департамент ӕмӕ Пентагонимӕ.
Ацы биолабораториты иртӕстытӕ уагътой украинаг ӕфсӕддонтыл, граждайнаг цӕрджытыл, афтӕ ма Харьковы цур Мерефы психиатрон рынчындоны пациенттыл.
Афтӕ ма Хъахъхъӕнынады министрадмӕ ис бӕрӕггӕнӕнтӕ, кӕцытӕм гӕсгӕ УФ сӕрмагонд операцийы райдайӕны фӕстӕ биологион ӕрмӕджы парти аластой Украинӕйӕ Одессайы уылты, цӕмӕй бамбӕхсой биохӕцӕнгарзыл куысты фӕдтӕ.

АИШ официалон позици

АИШ Паддзахадон департаменты нӕ басастысты хицауады хайадистыл Украинӕйы биолабораториты куысты.
"АИШ хицауад разамынад нӕ дӕтты Украинӕйы лабораторитӕн", - загъта марты АИШ Паддзахадон департаменты официалон минӕвар Нед Прайс.
Фӕлӕ ныгуылӕйнаг ДИФ-тӕ сӕ хъусдард аздӕхтой ацы историмӕ, New York Post ӕмӕ Daily Mail информаци куы ныммыхуыр кодтой, АИШ президенты лӕппу Хантер Байден Уӕрӕсейы арӕны цур ног биолабораториты арӕзтадӕн кӕй ӕххуыс кодта, уый фӕстӕ.
АИШ Паддзахадон секретары хӕдивӕг Виктория Нуланд чысыл раивта Паддзахадон департаменты позици.
"Украинӕйы ис биологион иртасӕн объекттӕ. Мах тыхсын кӕны, уӕрӕсейаг ӕфсӕдтӕ сӕ гӕнӕн ис кӕй бацахсой, уый", - загъта Виктория Нуланд.

АИШ хайадисты ӕвдисӕйнӕгтӕ биолабораториты куысты

Уӕрӕсейы Хъахъхъӕнынады министрады бахахх кодтой, Украинӕйы биолабораториты хӕстон патогенты арӕзтад кӕй цыд Пентагон ӕмӕ Паддзахадон департаменты къухдариуӕгады бын.
Ууыл дзуры DTRA (АИШ ӕфсӕддон уагдоны структурӕ) баныхас Украинӕйы ӕнӕниздзинадхъахъхъӕнынады минстримӕ, афтӕ ма Пентагоны коммерцион нардуатон организацитӕ Metabiota ӕмӕ Black & Veatch-ы баныхас Паддзахадон департамент ӕмӕ украинӕйаг специалисттимӕ.
УФ Хъахъхъӕнынады министрад Киевы цур фондз биолабораторийы ссардта Украинӕйы ӕнӕниздзинадхъахъхъӕнынады министрады приказтӕ вирусты тӕссаг штаммтӕ экстренон скуынӕг кӕныны фӕдыл. Ссардӕуыд документтӕ тӕссаг патогентӕн фӕлварӕнтӕ ауадзын ӕмӕ иртӕстыты фӕстиуджыты фӕдыл.
Хъахъхъӕнынады министрад ныммыхуыр кодта документтӕ украинӕйаг биолабораториты куысты фӕдыл (сӕ оригиналтӕ сын фадат ис фенын ам). Сӕ нымӕцы:
- украинӕйаг завод "Мотор СИЧ" куырдаит туркаг ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараттӕ "Байрактар" аразджытӕм, цӕмӕй тӕхӕг аппаратты сӕвӕрой механизмтӕ аэрозольтӕ пырх кӕнынӕн;
- патенттӕ сармадзантӕ аразынӕн, кӕцытӕн сӕ бон у хӕццӕ кӕнын биологион хӕцӕнгарз;
- патенттӕ ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараты арӕзтадӕн, кӕцыйӕн йӕ бон у парахат кӕнын алыхуызон хъӕндилты территоритыл.
Ног хабӕртты лентӕ
0