https://sputnik-ossetia.com/20220427/tskhinvaly-ssardtoy-poet-ama-talmatsganag-bestauty-georgiyy-rukhs-nom-16493953.html
Цхинвалы ссардтой поэт ӕмӕ тӕлмацгӕнӕг Бестауты Георгийы рухс ном
Цхинвалы ссардтой поэт ӕмӕ тӕлмацгӕнӕг Бестауты Георгийы рухс ном
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 27 апр — Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Хуссар Ирыстоны ссардтой поэт, тӕлмацгӕнӕг, литературон критик, публицист Бестауты Георгийы рухс ном. Фӕндзӕм майы... 27.04.2022 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2022-04-27T18:06+0300
2022-04-27T18:06+0300
2022-04-27T18:06+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
культурӕ
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e6/04/1b/16492352_0:161:3071:1888_1920x0_80_0_0_29ba3acd9189011b8a75a20978b350f3.jpg
ЦХИНВАЛ, 27 апр — Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Хуссар Ирыстоны ссардтой поэт, тӕлмацгӕнӕг, литературон критик, публицист Бестауты Георгийы рухс ном. Фӕндзӕм майы йыл сӕххӕст уыдаид 90 азы.Мысӕн мадзал ацыд Анахарсисы номыл республикон библиотекӕйы Цхинвалы. Организатортӕ радзырдтой поэты цард ӕмӕ сфӕлдыстадыл, горӕты скъолаты ахуырдзаутӕ та бакастысты йе ‘мдзӕвгӕтӕ.Ирон литературӕйы профессор Плиты Гацыры ныхӕстӕм гӕсгӕ, Георгий лӕмбынӕгӕй куыста алкӕцы уацмысыл дӕр. Бестауты Георгий уыд ӕрмӕст номдзыд фыссӕг ӕмӕ поэт нӕ, фӕлӕ ма диссаджы адӕймаг дӕр, зондджын ӕмӕ уӕздан.Профессор бафтыдта, зӕгъгӕ, уыдон Бестауты Георгиимӕ уыдысты ӕмгӕрттӕ.Бинонты номӕй мадзалы организатортӕн бузныг загъта поэты лӕппу, Хуссар Ирыстоны УУМ сӕргълӕууӕджы фыццаг хӕдивӕг Бестауты Ацӕмӕз."Бузныг, кӕй хъуыды кӕнут мӕ фыды, йӕ сфӕлдыстад. Уӕлдай бузныг мӕ фӕнды зӕгъын Плиты Гацырӕн йӕ хъарм ныхӕсты тыххӕй. Хъыгагӕн, махмӕ къаддӕр кӕны ӕвзонг поэтты нымӕц, кӕцытӕ балӕуыдаиккой нӕ литературӕйы раздзогты бынаты, фӕлӕ зӕрдӕ райы, сывӕллӕтты сӕ сфӕлдыстад афтӕ тынг кӕй цымыдис кӕны", - загъта Бестауты Ацӕмӕз.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2022
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e6/04/1b/16492352_170:0:2901:2048_1920x0_80_0_0_ba196a78012ff1c8db96e8fa873ab55b.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, культурӕ
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, культурӕ
ЦХИНВАЛ, 27 апр — Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Хуссар Ирыстоны ссардтой поэт, тӕлмацгӕнӕг, литературон критик, публицист Бестауты Георгийы рухс ном. Фӕндзӕм майы йыл сӕххӕст уыдаид 90 азы.
Мысӕн мадзал ацыд Анахарсисы номыл республикон библиотекӕйы Цхинвалы. Организатортӕ радзырдтой поэты цард ӕмӕ сфӕлдыстадыл, горӕты скъолаты ахуырдзаутӕ та бакастысты йе ‘мдзӕвгӕтӕ.
Ирон литературӕйы профессор Плиты Гацыры ныхӕстӕм гӕсгӕ, Георгий лӕмбынӕгӕй куыста алкӕцы уацмысыл дӕр. Бестауты Георгий уыд ӕрмӕст номдзыд фыссӕг ӕмӕ поэт нӕ, фӕлӕ ма диссаджы адӕймаг дӕр, зондджын ӕмӕ уӕздан.
Профессор бафтыдта, зӕгъгӕ, уыдон Бестауты Георгиимӕ уыдысты ӕмгӕрттӕ.
"Йӕ куыстытӕ Георгий ныууагъта Джусойты Нафийӕн, кӕцы сӕ ӕрӕмбырд кодта ӕмӕ сӕ рауагъта ӕртӕ томы. Уый мын сӕ ӕрбахаста, ӕмӕ абон мӕ бон у зӕгъын, ахӕм ӕнӕаргъ чингуытӕ мӕнмӕ кӕй никуы уыд ӕмӕ, ӕвӕццӕгӕн, нӕдӕр уыдзӕн", - загъта Плиты Гацыр.
Бинонты номӕй мадзалы организатортӕн бузныг загъта поэты лӕппу, Хуссар Ирыстоны УУМ сӕргълӕууӕджы фыццаг хӕдивӕг Бестауты Ацӕмӕз.
"Бузныг, кӕй хъуыды кӕнут мӕ фыды, йӕ сфӕлдыстад. Уӕлдай бузныг мӕ фӕнды зӕгъын Плиты Гацырӕн йӕ хъарм ныхӕсты тыххӕй. Хъыгагӕн, махмӕ къаддӕр кӕны ӕвзонг поэтты нымӕц, кӕцытӕ балӕуыдаиккой нӕ литературӕйы раздзогты бынаты, фӕлӕ зӕрдӕ райы, сывӕллӕтты сӕ сфӕлдыстад афтӕ тынг кӕй цымыдис кӕны", - загъта Бестауты Ацӕмӕз.