Уӕрӕсе ӕрурӕдта газы баласт Болгари ӕмӕ Польшамӕ

© Sputnik / Максим Богодвид /  Ахизын медиабанкмæУӕрӕсе ӕрурӕдта газы баласт Болгари ӕмӕ Польшамӕ
Уӕрӕсе ӕрурӕдта газы баласт Болгари ӕмӕ Польшамӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 27.04.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 27 апр — Sputnik. Болгари ӕмӕ Польшамӕ ӕрурӕдтой газы баласт Уӕрӕсейӕ, уымӕн ӕмӕ бӕстӕтӕ не сразы сты фидын ӕртагыл сомты, хъусын кӕны РИА Новости.
"Газпром экспорт" фехъусын кодта "Булгаргаз" и PGNiG-ӕн, 27 апрелӕй кӕй ӕрурӕдтой газы баласт, цалынмӕ фиддонтӕ президенты бармындӕй сфидаргонд фӕткмӕ гӕсгӕ цӕуой, уӕдмӕ", - дзырдӕуы хъусинаджы.
Нысангонд ӕрцыд, 26 апрелы кӕронмӕ ног системӕмӕ гӕсгӕ фиддонтӕ кӕй не ‘рбацыд. Компанийы зӕрдыл ӕрбалӕууын кодтой, Болгари ӕмӕ Польша кӕй сты транзитон паддзахӕдтӕ. "Газпром"-ы бахахх кодтой, зӕгъгӕ, кӕд ӕмӕ ӕртыккаг бӕстӕтӕн цы ӕртаг нысангонд у, уыдонӕй ӕнӕзаконӕй ист цӕуа, уӕд транзитӕн баласт фӕкъаддӕр уыдзӕн уыййас бӕрц.
Уӕрӕсе фыццӕгӕм апрелӕй бахаста ивындзинӕдтӕ газӕн фидыны процессы хӕрам бӕстӕтӕн, цӕмӕй аиуварс кӕна доллар ӕмӕ евро ацы фиддонты. Президенты барамындмӕ гӕсгӕ, Газпромбанк хъуамӕ бакӕна сӕрмагонд валютон ӕмӕ сомон хыгъдтӕ.
Владимир Путин куыд хъусын кодта, афтӕмӕй сомты фидыны куы нӕ сразы уой, уӕд уый Мӕскуы нымайдзӕн куыд контрактон хӕстӕ ма ӕххӕст кӕнын.
Ног хабӕртты лентӕ
0