Ӕнæрынцой рис: Хуссар Иры мысынц Цъинагары трагедийы амæттæгты

© Sputnik / Гурам КарсановЦъинагары трагедийы амæттæгтæ
Цъинагары трагедийы амæттæгтæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 28.04.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 28 апр – Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны цыппæрæмы мысынц Цъинагары трагедийы амӕттӕгты рухс нӕмттӕ. Авд адæймаджы гуырдзиаг боевиктӕ 31 азы размæ акодтой фыдмард. Ацы æгъатыр фыдракæнд хъæуы цæрджытæн æмæ æппæт республикæйы æмбæстæгтæн дæр ссис иумæйаг рис.
Цъинагары цӕрӕг, скъолайы директор Гуссойты Ласкъо уыцы рæстæджы уыд скъоладзау. Сывæллонæй уый хорз бахъуыды кодта, трагеди куыд фæивта хъæуы цард.

"Фарастæм къласы ахуыр кодтон уæд. Чидæр нæм фæфæдис, сыхаг хъæуы мулк ахæссын æмæ фос аскъӕрыныл кæй архайынц гуырдзиаг неформалтæ. Нæлгоймæгтæ атындзыдтой æххуысмæ. Фæлæ сæ фæсфæдæй фехстой. Авд лæгæй æхсæз фæмард сты бынаты, иу сæ аирвæзт цæфтæй, фæлæ уый дæр Гуры рынчындоны амардтой", - æрымысыд Гуссойты Ласкъо.

Уый ма банысан кодта, æрвылаз дӕр Цхинвал æмæ республикæйы районты цæрджытæ кæй фӕцӕуынц дидинтæ æвæрынмæ трагедийы амӕттӕгты цыртмӕ.
Зар, Еред æмæ 1991 азы 28 апрелæй Цъинагар дæр Хуссар Ирыстоны ног истрийы æрфидар ис куыд стыр бæллæхты бахауæг хъæу. Цъинагары мард ӕрцыдысты: Бибылты Гиви, Дудайты Тенгиз, Мӕргъиты Отар, Чертхъоты Славик, Хуыбылты Зауыр, Хуыбылты Отар ӕмӕ Хуыбылты Таймураз.
Ног хабӕртты лентӕ
0