Хуссар Иры 15 скъолайы срӕвдз кодтой нырыккон ифтонгадимӕ фӕллойы кабинетты куыст

© Sputnik / Залина Кулумбегова Хъӕдӕрмӕгиӕ куыст
Хъӕдӕрмӕгиӕ куыст - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 28.04.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 26 апр - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны къорд скъолайы фӕзындысты фӕллойы кабинеттӕ ног нырыккон ифтонгадимӕ. Уым ис фадат хъӕдӕрмӕгӕй хӕдзарон мигӕнӕнтӕ саразын, дарӕс бахуыйын ӕмӕ сфӕлдисын ӕндӕр хиконд ӕрмӕг. Рӕзгӕ фӕлтӕртӕ ацы хабарыл сӕмбӕлдысты тынг ӕхсызгонӕй ӕмӕ стыр цымыдис ӕвдисынц ӕрмдӕсыйӕдтӕм.
Ахуырады министрадӕн нырмӕ бантыст 15 скъолайы фӕллойы кабинеттӕ сифтонг кӕнын мигӕнӕнӕй. Ис сӕ хъӕдӕрмӕгимӕ кусыны станоктӕ, хуыйӕн машинӕтӕ ӕмӕ ӕндӕр лыстӕг ифтонггарз.
"Цхинвалы фыццаг, дыккаг, фӕндзӕм, ӕхсӕзӕм, иуӕндӕсӕм, дыууадӕсӕм скъолаты, гимназ "Альбион" ӕмӕ Цхинвалы скъола-интернаты ис фӕллой кӕынӕн ифтонг кабинеттӕ. Ахӕм уавӕртӕ скодтам горӕт Къуайсайы скъолайы, стӕй ма Дменис, Цъунар, Хуыцъе, Орчъосан ӕмӕ Знауыры скъолаты ӕмӕ Дзауы интернаты дӕр",- радзырдтой ахуырады министрады пресс-службӕйы.
Фӕллойы кабинеттӕ сӕ бакондӕй фӕстӕмӕ ссисты скъоладзауты уарзон къуымтӕ. Лӕппутӕ сӕ тых радтой хъӕдӕрмӕгмӕ, уымӕй кӕнынц формӕтӕ, стӕй ма сӕ архайынц сфӕлындын дӕр.
Скъоладзауты къухӕй цӕуынц цырагъ ӕвӕрӕнтӕ, шахматтӕ, аив асыччытӕ ӕмӕ къӕбицы мигӕнӕн.
Кӕд лӕппутӕ фылдӕр уарзынц хъӕдӕрмӕгимӕ куыст, уӕд чызджытӕ та бауарзтой хуыйыны хъуыддаг.
"Афтӕ тынг тырнынц уыцы кабинетмӕ мӕ сӕ аннӕ уроктӕм сӕ къах нал хӕссы. Мах сын амал кӕнӕм кусӕн ӕрмӕг. Гӕнӕн ис ӕмӕ сывӕллӕттӕ ацы хахх равзарой сӕ скъолайы фӕуды фӕстӕ, афтӕ йӕ бауарзтой. Чызджытӕ ныридӕгӕн хуыйнынц раздарӕнтӕ", - хъусын кӕны Дменисы директоры Дудайты Земайы ныхӕстӕ пресс-службӕ.
Ног хабӕртты лентӕ
0