"Сӕ хъӕбатырдзинад ссис дӕнцӕг": Цъинагары ссардтой гуырдзыйы агрессийы амӕттӕгты нӕмттӕ

© Sputnik / Natalia AiriyanЦъинагары ссардтой гуырдзыйы агрессийы амӕттӕгты нӕмттӕ
Цъинагары ссардтой гуырдзыйы агрессийы амӕттӕгты нӕмттӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 28.04.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 28 апр — Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Хуссар Ирыстоны Ленингоры районы ссардтой Цъинагары трагедийы амӕттӕгты нӕмттӕ. Раст 31 азы размӕ, 1991 азы 28 апрелы, хъӕуы авд ӕнӕхотых цӕрӕджы - Мӕргъиты Отар, Бибылты Гиви, Чертхъоты Славик, Хуыбылты Зауыр, Хуыбылты Отар, Дудайты Тенгиз ӕмӕ Хуыбылты Таймураз - фӕмард сты гуырдзиаг боевикты къухтӕй. Гуырдзиаг группировкӕтӕ ӕрбацыдысты цӕрджыты фос атӕрынмӕ, нӕлгоймӕгтӕ сӕ размӕ атындзыдтой сӕ фос бахъахъхъӕнынмӕ. Гуырдзиӕгтӕ сӕ ӕгъатыр мард акодтой.
© Sputnik / Natalia AiriyanЦъинагары ссардтой гуырдзыйы агрессийы амӕттӕгты нӕмттӕ
Годовщина Цинагарской трагедии - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 28.04.2022
Цъинагары ссардтой гуырдзыйы агрессийы амӕттӕгты нӕмттӕ
Ӕрвылазон митинг ацыд цыппӕрӕмы Цъинагары центры. Хъӕуы цӕрджытӕ ӕмӕ республикӕйы къухдариуӕгады минӕвӕрттӕ сӕвӕрдтой дидинджытӕ амӕттӕгты цыртмӕ.
Президент Бибылты Анатолий 31 азы размӕ ӕрцӕугӕ цауты схуыдта ӕвирхъау трагеди.
"Алы аз дӕр ӕрцӕуӕм ардӕм, цӕмӕй ӕрымысӕм Цъинагары трагедийы амӕттӕгты. Сӕ рухс нӕмттӕ ӕнустӕм баззайдзысты нӕ историйы. Сӕ хъазуат ссис хъӕбатырдзинады дӕнцӕг. Сӕ ӕхсардзинад дзурӕг у райгуырӕн бӕстӕмӕ сӕ ӕгӕрон уарзтыл", - загъта уый.
Бибылты Анатолий ӕрсидт ӕрӕмбырдуӕвджытӕм, цӕмӕй цъинагайрӕгты сгуыхтдзинад рох макуы уа, Ирыстонӕн та йӕ цӕст бауарзта сабыр арв ӕмӕ фӕрныгад.
© Sputnik / Natalia AiriyanЦъинагары ссардтой гуырдзыйы агрессийы амӕттӕгты нӕмттӕ
Годовщина Цинагарской трагедии - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 28.04.2022
Цъинагары ссардтой гуырдзыйы агрессийы амӕттӕгты нӕмттӕ
Митингы скъоладзаутӕ радзырдтой хъӕуы хъахъхъӕнджытӕн нывонд ӕмдзӕвгӕтӕ. Иу уысм ӕдзӕмӕй алӕугӕйӕ ссардтой фӕмардуӕвӕг хъайтарты рухс нӕмттӕ ӕмӕ арвмӕ суагътой сау тымбылӕгтӕ.
Джемал, Цъинагары трагедийы хайадисджытӕй иуы - Мӕргъиты Отары - фырт, радзырдта, йӕ фыдыл уыцы фыдохы рӕстӕджы кӕй цыд ӕрмӕстдӕр 40 азы.
"Ӕхсӕзӕм майы нӕм вӕййы бӕрӕгбон ӕмӕ мӕ фыд уыцы бонмӕ фыхта бӕгӕны. Уый афтӕ баззад цуайнаджы", - загъта Джемал.
© Sputnik / Natalia AiriyanЦъинагары ссардтой гуырдзыйы агрессийы амӕттӕгты нӕмттӕ
Годовщина Цинагарской трагедии - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 28.04.2022
Цъинагары ссардтой гуырдзыйы агрессийы амӕттӕгты нӕмттӕ
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, хотыхджын гуырдзиӕгты фенгӕйӕ, фыййау ӕххуысмӕ фӕстидт хъӕуы цӕрджытӕм. Уыдон, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, атындзыдтой абырджыты ныхмӕ фӕлӕууынмӕ.
"Гуырдзиӕгтӕ хӕдтулгӕйӕ фехстой адӕмы. Цалдӕрӕй ма удӕгасӕй аирвӕзтысты, цалдӕрӕй фӕцӕфтӕ сты. Иуы дзы аластой Гуры рынчындонмӕ. Уый ӕй амардтой сӕ неформалтӕ", - радзырдта нӕлгоймаг.
Иннӕйы та, Джемалы ныхӕстӕм гӕсгӕ, амардтой Ленингоры рынчындоны. Дохтыртӕ лӕгъстӕ кодтой фыдгӕнджытӕн, цӕмӕй йӕ ныууадзой удӕгасӕй, йӕ уӕлӕ ныххаудысты, фӕлӕ сыз уӕддӕр нӕ бантыст йӕ аирвӕзын кӕнын.
© Sputnik / Natalia Airiyan

Цъинагары ссардтой гуырдзыйы агрессийы амӕттӕгты нӕмттӕ

Цъинагары ссардтой гуырдзыйы агрессийы амӕттӕгты нӕмттӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
1/6

2/6

3/6

4/6

5/6

6/6

Ног хабӕртты лентӕ
0