https://sputnik-ossetia.com/20220428/ualakhizy-fystadzhyta-tskhinvaly-raydydta-aktsi-polevaya-pochta-16501304.html
Уӕлахизы фыстӕджытӕ. Цхинвалы райдыдта акци "Полевая почта"
Уӕлахизы фыстӕджытӕ. Цхинвалы райдыдта акци "Полевая почта"
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 28 апр – Sputnik, Тъехты Дзерассӕ. Хуссар Ирыстоны цыппӕрӕмы райдыдта акци "Полевая почта", кӕцы нывонд у Уӕлахизы бонӕн. Мадзалы хайад райсыны тыххӕй... 28.04.2022 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2022-04-28T13:30+0300
2022-04-28T13:30+0300
2022-04-28T13:30+0300
ног хабӕрттӕ
хуссар ирыстоны
цхинвал
стыр уӕлахизы бӕрӕгбон цхинвалы
стыр уӕлахиз
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e6/04/1c/16498081_0:120:1280:840_1920x0_80_0_0_cb50504e56e64391df8c14a84f99227c.jpg
ЦХИНВАЛ, 28 апр – Sputnik, Тъехты Дзерассӕ. Хуссар Ирыстоны цыппӕрӕмы райдыдта акци "Полевая почта", кӕцы нывонд у Уӕлахизы бонӕн. Мадзалы хайад райсыны тыххӕй Цхинвалы посты бӕстыхаймӕ ӕрбацыдысты дӕсгай адӕймӕгтӕ. Акци нӕма райдыдта, афтӕ дӕр залмӕ цыдысты адӕм, кӕцытӕ сӕрмагондӕй рахицӕнгонд гӕххӕтты сыфтыл фыстой фыстӕджытӕ ӕмӕ хъарм ныхӕстӕ. Ӕрӕмбырдуӕвджыты раз раныхас кодта республикӕйы культурӕйы министр Зассеты Жанна. Уый банысан кодта, зӕгъгӕ, Ирыстоны кӕддӕриддӕр ӕнӕрхъӕцӕй ӕнхъӕлмӕ кастысты зындгонд "ӕртӕкъуымонтӕм" фронтӕй.Министр радзырдта, постмӕ кӕй ӕрбацыд ацӕргӕ сылгоймаг, моладзан Феодора. Уый ӕрбахаста йӕ зонгӕ адӕймаджы, аргъуаны службӕгӕнджытӕй иуы къам, цӕмӕй йӕ рахӕссой Ӕнӕмӕлгӕ полчы, уымӕн ӕмӕ йӕ хиуӕттӕй удӕгас ничиуал ис.Зассеты Жанна бахатыд, цӕмӕй йын ӕрӕмбырдуӕвджытӕй алчидӕр ныффысса арфӕтӕ. Уый ма бузныг загъта посты кусджытӕн дӕр, кӕцытӕ акцимӕ цӕттӕ кодтой цалдӕр боны ӕмӕ ныфс радтой, фыстӕджытӕ иууылдӕр кӕй фӕхӕццӕ уыдзысты сӕ адресаттӕм Уӕлахизы бонмӕ. Акци "Уӕлахизы пост" адарддӕр уыдзӕн 10 майы онг. Хайад райсыны фадат ис алкӕмӕн дӕр.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2022
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e6/04/1c/16498081_0:0:1280:960_1920x0_80_0_0_b873b6460dfd771bf001ea539edf3f71.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ, хуссар ирыстоны, цхинвал, стыр уӕлахизы бӕрӕгбон цхинвалы, стыр уӕлахиз
ног хабӕрттӕ, хуссар ирыстоны, цхинвал, стыр уӕлахизы бӕрӕгбон цхинвалы, стыр уӕлахиз
ЦХИНВАЛ, 28 апр – Sputnik, Тъехты Дзерассӕ. Хуссар Ирыстоны цыппӕрӕмы райдыдта акци "Полевая почта", кӕцы нывонд у Уӕлахизы бонӕн. Мадзалы хайад райсыны тыххӕй Цхинвалы посты бӕстыхаймӕ ӕрбацыдысты дӕсгай адӕймӕгтӕ.
Акци нӕма райдыдта, афтӕ дӕр залмӕ цыдысты адӕм, кӕцытӕ сӕрмагондӕй рахицӕнгонд гӕххӕтты сыфтыл фыстой фыстӕджытӕ ӕмӕ хъарм ныхӕстӕ.
Ӕрӕмбырдуӕвджыты раз раныхас кодта республикӕйы культурӕйы министр Зассеты Жанна. Уый банысан кодта, зӕгъгӕ, Ирыстоны кӕддӕриддӕр ӕнӕрхъӕцӕй ӕнхъӕлмӕ кастысты зындгонд "ӕртӕкъуымонтӕм" фронтӕй.
"Цалынмӕ мах удӕгас стӕм, уӕдмӕ цӕрдзӕн Уӕлахизы бон дӕр. Мӕнӕн тынг зын у, фӕссоветон дыгъдадӕй бирӕ бӕстӕты кӕй ферох сты уыцы хабӕрттӕ, ивынц Уӕлахизы Парадтӕ, Ӕнӕмӕлгӕ полчы цыдтытӕ. Фӕлӕ мӕн уырны, махӕн уымӕй тас кӕй нӕу", - загъта Зассеты Жанна.
Министр радзырдта, постмӕ кӕй ӕрбацыд ацӕргӕ сылгоймаг, моладзан Феодора. Уый ӕрбахаста йӕ зонгӕ адӕймаджы, аргъуаны службӕгӕнджытӕй иуы къам, цӕмӕй йӕ рахӕссой Ӕнӕмӕлгӕ полчы, уымӕн ӕмӕ йӕ хиуӕттӕй удӕгас ничиуал ис.
Зассеты Жанна бахатыд, цӕмӕй йын ӕрӕмбырдуӕвджытӕй алчидӕр ныффысса арфӕтӕ.
Уый ма бузныг загъта посты кусджытӕн дӕр, кӕцытӕ акцимӕ цӕттӕ кодтой цалдӕр боны ӕмӕ ныфс радтой, фыстӕджытӕ иууылдӕр кӕй фӕхӕццӕ уыдзысты сӕ адресаттӕм Уӕлахизы бонмӕ.
Акци "Уӕлахизы пост" адарддӕр уыдзӕн 10 майы онг. Хайад райсыны фадат ис алкӕмӕн дӕр.