УФ Гарзджын тыхтӕ ӕхсӕвы дӕргъы скуынӕг кодтой Украинӕйы ӕфсӕдты фӕткдаруаты 18 пункты

© Sputnik / РИА Новости /  Ахизын медиабанкмæУФ Гарзджын тыхтӕ
УФ Гарзджын тыхтӕ  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 28.04.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 28 апр - Sputnik. Уӕрӕсейы ракетон ӕфсӕдтӕ ӕмӕ артиллери ӕхсӕвы дӕргъы скуынӕг кодтой Украинӕйы ӕфсӕдты фӕткдаруаты 18 пункты ӕмӕ ӕндӕр объекттӕ. Уый тыххӕй цыппӕрӕмы фехъусын кодта УФ Хъахъхъӕнынады министрады официалон минӕвар инӕлар-майор Игорь Конашенков.
"Ракетон ӕфсӕдтӕ ӕмӕ артиллери ӕхсӕвы дӕргъы сӕххӕст кодтой 408 хӕслӕвӕрды. Скуынӕг кодтой фӕткдаруаты 18 объекты ӕмӕ украинӕйаг ӕфсӕддонты ӕмӕ ӕфсӕддон техникӕйы 383 лӕууыны бынаты", - загъта Конашенков.
Афтӕ ма Уӕрӕсейы оперативон-тактикон ӕмӕ ӕфсӕддон авиаци суткӕйы дӕргъы скуынӕг кодтой Украинӕйы 67 ӕфсӕддон объекты.
Дырыс Калибртӕ спырх кодтой ныгуылӕйнаг хӕцӕнгӕрзтимӕ ангартӕ Украинӕйы  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 27.04.2022
Дырыс "Калибртӕ" спырх кодтой ныгуылӕйнаг хӕцӕнгӕрзтимӕ ангартӕ Украинӕйы - видео
Уыдоны хсӕн ныхмӕлӕууӕджы ӕфсӕдтӕ ӕмӕ техникӕйы 55 лӕууыны бынаты. Уый фӕстиуӕгӕн скуынӕггонд ӕрцыдысты 300-йӕ фылдӕр националисты ӕмӕ бронетехникӕ ӕмӕ хӕдтулгӕты 40 иуӕджы.
Сӕрмагонд ӕфсӕддон операцийы райдайӕнӕй ӕдӕппӕт скуынӕг кодтой: 142 хӕдтӕхӕджы, 111 вертолеты, 614 ӕнтӕпилотон тӕхӕг аппараты, 276 зенитон ракетон комплексы, танктӕ ӕмӕ ӕндӕр бронетехникӕйы 2623 иуӕджы, залпон ӕхсты реактивон системӕты 299 иуӕджы, быдырон артиллери ӕмӕ минометты 1146 сармадзаны, сӕрмагонд ӕфсӕддон автомобилон техникӕйы 2431 иуӕджы.
Ног хабӕртты лентӕ
0