Украинӕйы ӕфсӕддонтӕ фехстой базар Донецкы, ис дзы фӕмардуӕвджытӕ

© @dnronline / TelegramДонецк
Донецк - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 28.04.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 28 апр — Sputnik. Украинӕйы ӕфсад фехста хӕлцадон базар "Меркурий" Донецкы, уый фӕстиуӕгӕн ӕртӕ адӕймаджы амардысты, фондз та райстой цӕфтӕ.
Уый размӕ цыппӕрӕмы Донецкы Адӕмон Республикӕйы (ДАР) минӕварад ӕхсын ӕруромыны режимы хъусдард ӕмӕ координацийы фӕдыл иумӕйаг центры фехъусын кодта, украинӕйаг ӕфсӕдтӕ кӕй фехстой Донецкы Кировы район залпон ӕхсты реактивон системӕ "Град"-ӕй.

"Развӕлгъау информацимӕ гӕсгӕ, Кировы районы базары территорийыл зынгсирвӕзты фӕстиуӕгӕн амардысты ӕртӕ адӕймаджы, ноджы ма фондз сабыр цӕрӕджы та райстой цӕфтӕ. Бынаты кусынц сӕрмагонд службӕтӕ", - хъусын кӕны РИА Новости Донецкы мэр Алексей Кулемзины ныхӕстӕ.

Донецкы Адӕмон Республикӕйы эскалацийы 71 бонмӕ ӕдӕппӕт сбӕлвырд кодтой Украинӕйы 2300 атакӕйы, сӕ нымӕцы "Точка-У", залпон ӕхсты реактивон системӕтӕ "Смерч", "Ураган" ӕмӕ "Град" ракетӕтӕй. Ӕхстыты фӕстиуӕгӕн амардысты 85 сабыр цӕрӕджы.
Уӕрӕсе 24 февралы райдыдта сӕрмагонд ӕфсӕддон операци Украинайы демилитаризаци ӕмӕ денацификацийы фӕдыл. Бӕстӕйы Хъахъхъӕнынады министрады куыд банысан кодтой, афтӕмӕй УФ Гарзджын тыхтӕ ӕхсынц ӕрмӕстдӕр ӕфсӕддон инфраструктурӕ ӕмӕ украинаг ӕфсӕдты.
Ног хабӕртты лентӕ
0