https://sputnik-ossetia.com/20220429/tsagat-iry-prokuratura-sorganizatsi-kodta-basgarst-dzaudzhykhauy-uyngty-donivyldty-fadyl-16517149.html
Цӕгат Иры прокуратурӕ сорганизаци кодта басгӕрст Дзӕуджыхъӕуы уынгты донивылдты фӕдыл
Цӕгат Иры прокуратурӕ сорганизаци кодта басгӕрст Дзӕуджыхъӕуы уынгты донивылдты фӕдыл
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 29 апр — Sputnik, Къӕбысты Анна. Дзӕуджыхъӕуы райдыдта къӕвдаты сезон. 28 апрелы горӕты райдыдта тӕрккъӕвда. Кӕцыдӕр централон уынгтӕ цалдӕр сахатмӕ... 29.04.2022 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2022-04-29T14:49+0300
2022-04-29T14:49+0300
2022-04-29T14:49+0300
цӕгат ирыстон
ног хабӕрттӕ
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e6/04/1d/16514864_0:120:1280:840_1920x0_80_0_0_38723f8e6608de1e85579fcb57467447.jpg
ЦХИНВАЛ, 29 апр — Sputnik, Къӕбысты Анна. Дзӕуджыхъӕуы райдыдта къӕвдаты сезон. 28 апрелы горӕты райдыдта тӕрккъӕвда. Кӕцыдӕр централон уынгтӕ цалдӕр сахатмӕ фесты доны бын.Интернет хызӕгты фӕзынд видео сӕйраг уынгӕй – Сабырдзинады проспектӕй. Фылдӕр хатт дон ӕрӕмбырд вӕййы Сабырдзинады проспект ӕмӕ Горькийы уынджы алвӕндагыл – ливневкӕтӕ нӕ фӕтых вӕййынц доны гуырахстимӕ. Дон хъыгдардта фӕндагон змӕлд Марковы уынгыл дӕр. Горӕты администрацийы сӕргълӕууӕг Милдзыхты Вячеслав ауагъта экстренон рабадт горӕты ливневкӕты куысты фӕдыл, хъусын кӕны пресс-службӕ."Владсток" разамонӕг Дойаты Сергей радзырдта рабадтыл, "къӕвдаты канализаци Джанайты ӕмӕ Марковы уынгты алвӕндагыл рӕстмӕ кӕй кусы. Донивылд вӕййы ливневкӕ доны гуырахтсыл кӕй нӕ фӕтых вӕййы, уый аххосӕй".Республикӕйы прокуратурӕйы пресс-службӕ хъусын кӕны, уагдон кӕй сорганизаци кодта басгӕрст Дзӕуджыхъӕуы уынгтӕ доны бын кӕй фесты, уый фӕдыл.Дзуджыхъӕуы абон дӕр уары къӕвда, фӕлӕ афтӕ тыхджын нал у. Уынгтӕ, кӕцытӕ знон фесты доны бын, ныр тых кӕнынц къӕвдайыл.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2022
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e6/04/1d/16514864_0:0:1280:960_1920x0_80_0_0_b38400f8299cdc5b6a95e01b33b45e37.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
цӕгат ирыстон, ног хабӕрттӕ
цӕгат ирыстон, ног хабӕрттӕ
Цӕгат Иры прокуратурӕ сорганизаци кодта басгӕрст Дзӕуджыхъӕуы уынгты донивылдты фӕдыл
ЦХИНВАЛ, 29 апр — Sputnik, Къӕбысты Анна. Дзӕуджыхъӕуы райдыдта къӕвдаты сезон. 28 апрелы горӕты райдыдта тӕрккъӕвда. Кӕцыдӕр централон уынгтӕ цалдӕр сахатмӕ фесты доны бын.
Интернет хызӕгты фӕзынд видео сӕйраг уынгӕй – Сабырдзинады проспектӕй. Фылдӕр хатт дон ӕрӕмбырд вӕййы Сабырдзинады проспект ӕмӕ Горькийы уынджы алвӕндагыл – ливневкӕтӕ нӕ фӕтых вӕййынц доны гуырахстимӕ. Дон хъыгдардта фӕндагон змӕлд Марковы уынгыл дӕр. Горӕты администрацийы сӕргълӕууӕг Милдзыхты Вячеслав ауагъта экстренон рабадт горӕты ливневкӕты куысты фӕдыл, хъусын кӕны пресс-службӕ.
"Хъӕуы ссарын фӕрӕзтӕ, цӕмӕй аскъуыддзаг кӕнӕм ливневкӕты фарст. Сом ӕнхъӕлмӕ кӕсын уӕ хъӕппӕристӕм, кусын хъӕуы тагъд темпты! Бакусын хъӕуы Марковы уынгыл ливневкӕты хызӕгты реконструкцийы проектыл. Ис нӕм фарстытӕ Сабырдзинады проспекты реконструкцийы фӕдыл дӕр, цы ран абон ӕрӕмбырд дон. Донивылдтӕм кӕй ӕнӕбӕрнон куыст ӕркодта, уыдон иууылдӕр сдзуапп кӕндзысты уый тыххӕй", - бахахх кодта администрацийы сӕргълӕууӕг.
"Владсток" разамонӕг Дойаты Сергей радзырдта рабадтыл, "къӕвдаты канализаци Джанайты ӕмӕ Марковы уынгты алвӕндагыл рӕстмӕ кӕй кусы. Донивылд вӕййы ливневкӕ доны гуырахтсыл кӕй нӕ фӕтых вӕййы, уый аххосӕй".
Республикӕйы прокуратурӕйы пресс-службӕ хъусын кӕны, уагдон кӕй сорганизаци кодта басгӕрст Дзӕуджыхъӕуы уынгтӕ доны бын кӕй фесты, уый фӕдыл.
"Цӕстдардон мадзӕлтты рӕстӕджы саргъ кӕндзысты коммуналон службӕты кусджыты архӕйдтытӕн, кӕцытӕ бӕрнон сты ливневкӕты уавӕрыл", - банысан кодтой прокуратурӕйы.
Дзуджыхъӕуы абон дӕр уары къӕвда, фӕлӕ афтӕ тыхджын нал у. Уынгтӕ, кӕцытӕ знон фесты доны бын, ныр тых кӕнынц къӕвдайыл.