https://sputnik-ossetia.com/20220429/zakhkhankuyst-myn-ma-sar-surs-kodta-tskhuyrbaty-tamerlany-mysinagta-dzauy-ballakhy-fadyl-16513617.html
Зӕххӕнкъуыст мын мӕ сӕр 'сурс кодта: Цхуырбаты Тамерланы мысинӕгтӕ Дзауы бӕллӕхы фӕдыл
Зӕххӕнкъуыст мын мӕ сӕр 'сурс кодта: Цхуырбаты Тамерланы мысинӕгтӕ Дзауы бӕллӕхы фӕдыл
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 29 апр - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Дзауы районы цӕрӕн-коммуналон хӕдзарады разамонӕг Цхуырбаты Тамерлан нырма 40 азы кармӕ дӕр нӕ бахӕццӕ, фӕлӕ йӕ сӕр... 29.04.2022 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2022-04-29T13:06+0300
2022-04-29T13:06+0300
2022-04-29T15:19+0300
репортажтӕ
хуссар ирыстоны
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e6/04/1d/16513400_0:0:1340:755_1920x0_80_0_0_b9640127f265e1c0c1a897e161fa3e20.jpg
ЦХИНВАЛ, 29 апр - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Дзауы районы цӕрӕн-коммуналон хӕдзарады разамонӕг Цхуырбаты Тамерлан нырма 40 азы кармӕ дӕр нӕ бахӕццӕ, фӕлӕ йӕ сӕр скъолайы карӕй урс адардта. Лӕппу-лӕджы хъуынтӕм урсхил бахъуызыд Дзауы егъау зӕххӕнкъуысты фӕстӕ - ӕрдзон бӕллӕх ахаста йӕ ӕмкъласоны цард, скъола та йӕ цӕстыты раз пырхӕнты кӕри фестад.1991 азы Цхуырбаты Тамерлан ахуыр кодта Дзауы скъола-интернаты дыккӕгӕм къласы. Зæххæнкъуысты бон – 29 апрелы - адæм ацыдысты митингмæ. Æгас скъолайы ма баззадысты æрмæст дыккæгæм æмæ æртыккæгæм кълæсты ахуырдзаутæ.Ӕрдзон фыдбылыз кӕстӕртӕ ӕмбаргӕ дӕр ӕмӕ хъусгӕ дӕр никуы фӕкодтой. Дыккаг къласы ахуырдзаутӕ уыдысты раздзоджы хъусдарды бын ӕмӕ чысыл хивӕнд митӕ кодтой, уый сын балӕвар кодта дыккаг райгуырӕн бон.Сабитӕ куыддӕр скъола-интернаты къӕсӕйрӕй феддӕ сты, афтӕ сӕ фӕстӕ бӕстыхай ӕрхуыссыд зӕххыл."Уынджы бӕлӕсты онг балыгъдыстӕм ӕмӕ уыдоныл хӕцыдыстӕм. Рыг куыд ӕрбадт, уӕд йӕ фӕстӕ мӕ цӕст ахастон мӕ раздӕры ахуыргӕнӕндоныл ӕмӕ ма йӕ дыууӕ фиссыны зындысты, аннӕ иууылдӕр ныккалд", - ӕрӕмысыд Тамерлан.Ацы къласӕй хивӕнддзинад чи нӕ равдыста, уыдонӕн сӕ хъысмӕт разынд уӕззау. Цыппар сабийы кӕлӕнты бын фесты, уыдонӕй ӕрмӕст иу фервӕзт.29 апрелы 31 азы размӕ ӕрдз дӕр адӕмы ныхмӕ куы рацыд, уӕд ма сӕ Хуыцауӕй иу амонд уыд ӕмӕ уыцы бон центры уагътой Гуырдзыстоны радон ӕбуалгъ къахдзӕфы ныхмӕ митинг. Гуырдзыстоны уӕды къухдариуӕгад аивтой Хуссар Ирыстоны Дзау ӕмӕ Знауыры административон районты статус.Цхуырбаты Тамерланы хъуыдыйы баззад ӕрмӕст тыхсты уысмтӕ, аннӕтӕ йӕ хъуыдыйӕ фӕтары сты. Фӕлӕ ӕрвылаз фыдохы бонтӕ дӕр нӕ дӕттынц фадат ферох кӕнын ацы сау бонæн. Стӕй ма лӕппуйӕн йӕ саулагъз хъуынтӕ скъолайӕ фӕстӕмӕ кӕй сурс сты, уымӕн дӕр йӕ аххосаг бирӕтӕ агурынц уым."Мӕ фыд дӕр урс сӕр у, бынтон уый тыххӕй дӕр нӕу, фӕлӕ ӕз скъоладзауӕй райдыдтон урс кӕнын. Ӕвӕццӕгӕн мыл зӕххӕнкъуысты дӕр бандӕвта", - балхынцъ кодтай уый.Ацы аз дӕр та Хуссар Ирыстоны ссардтой зӕххӕнкъуысты амӕттӕгты рухс нӕмттӕ. Мысӕн митингтӕ ацыдысты Дзау ӕмӕ Хахеты. Ацы цӕрӕн пунктты уӕлдай стыр тых уыд ӕрдзон бӕллӕхӕн.31 азы размӕ зӕххӕнкъуысты эпицентр 9 баллы магнитудӕйы уыд Дзауы районон центры цур. Поселок ныппырх, Хахеты хъӕу та ацыд зӕххы бын йӕ 42 цӕрӕгимӕ иумӕ.Зӕххӕнкъуысты амӕттӕгтӕ ӕдӕппӕт баисты 59 адӕймаджы, уыдонӕй 21 уыдысты сывӕллӕттӕ.
https://sputnik-ossetia.com/20210429/M-fyd-iu-khsvm-urskhil-sis-Khussar-Iry-30-azy-razm-zkhkhnkuyst-Kozaty-Renayy-mysingty-12158761.html
https://sputnik-ossetia.com/20210429/Zkhkhnkuyst-myn-fivta-m-tsard-Dzauy-bllkh-Tskhuyrbaty-Renatayy-mysingty-12160896.html
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2022
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e6/04/1d/16513400_206:0:1257:788_1920x0_80_0_0_67b572a6c4fe6b7947d53d61ef7e13f6.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
репортажтӕ, хуссар ирыстоны
репортажтӕ, хуссар ирыстоны
ЦХИНВАЛ, 29 апр - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Дзауы районы цӕрӕн-коммуналон хӕдзарады разамонӕг Цхуырбаты Тамерлан нырма 40 азы кармӕ дӕр нӕ бахӕццӕ, фӕлӕ йӕ сӕр скъолайы карӕй урс адардта. Лӕппу-лӕджы хъуынтӕм урсхил бахъуызыд Дзауы егъау зӕххӕнкъуысты фӕстӕ - ӕрдзон бӕллӕх ахаста йӕ ӕмкъласоны цард, скъола та йӕ цӕстыты раз пырхӕнты кӕри фестад.
1991 азы Цхуырбаты Тамерлан ахуыр кодта Дзауы скъола-интернаты дыккӕгӕм къласы. Зæххæнкъуысты бон – 29 апрелы - адæм ацыдысты митингмæ. Æгас скъолайы ма баззадысты æрмæст дыккæгæм æмæ æртыккæгæм кълæсты ахуырдзаутæ.
Ӕрдзон фыдбылыз кӕстӕртӕ ӕмбаргӕ дӕр ӕмӕ хъусгӕ дӕр никуы фӕкодтой. Дыккаг къласы ахуырдзаутӕ уыдысты раздзоджы хъусдарды бын ӕмӕ чысыл хивӕнд митӕ кодтой, уый сын балӕвар кодта дыккаг райгуырӕн бон.
"Нӕ ахуыргӕнӕг дӕр ацыд митингмӕ, мах уыдыстӕм ӕрмӕст раздзогы хъусдарды бын. Къӕбӕда нӕ уыдыстӕм, фӕлӕ уӕд цӕмӕндӕр гӕсгӕ хъазгӕ ралыгъдыстӕм уынгмӕ", - радзырдта Тамерлан.
Сабитӕ куыддӕр скъола-интернаты къӕсӕйрӕй феддӕ сты, афтӕ сӕ фӕстӕ бӕстыхай ӕрхуыссыд зӕххыл.
"Уынджы бӕлӕсты онг балыгъдыстӕм ӕмӕ уыдоныл хӕцыдыстӕм. Рыг куыд ӕрбадт, уӕд йӕ фӕстӕ мӕ цӕст ахастон мӕ раздӕры ахуыргӕнӕндоныл ӕмӕ ма йӕ дыууӕ фиссыны зындысты, аннӕ иууылдӕр ныккалд", - ӕрӕмысыд Тамерлан.
Ацы къласӕй хивӕнддзинад чи нӕ равдыста, уыдонӕн сӕ хъысмӕт разынд уӕззау. Цыппар сабийы кӕлӕнты бын фесты, уыдонӕй ӕрмӕст иу фервӕзт.
29 апрелы 31 азы размӕ ӕрдз дӕр адӕмы ныхмӕ куы рацыд, уӕд ма сӕ Хуыцауӕй иу амонд уыд ӕмӕ уыцы бон центры уагътой Гуырдзыстоны радон ӕбуалгъ къахдзӕфы ныхмӕ митинг. Гуырдзыстоны уӕды къухдариуӕгад аивтой Хуссар Ирыстоны Дзау ӕмӕ Знауыры административон районты статус.
"Адӕм митингӕй уайтагъд фӕдисы лыгъдысты скъолайы рдӕм. Тарст сабиты ӕмбырд кодтой. Ме 'мкъласӕгтӕй ма пырхæнты бынӕй систой Дзабиты Юрӕйы, уый аривӕзт, ӕннӕ ӕртӕ зӕххӕнкъуысты амӕттаг фесты", - бафтыдта уый
Цхуырбаты Тамерланы хъуыдыйы баззад ӕрмӕст тыхсты уысмтӕ, аннӕтӕ йӕ хъуыдыйӕ фӕтары сты. Фӕлӕ ӕрвылаз фыдохы бонтӕ дӕр нӕ дӕттынц фадат ферох кӕнын ацы сау бонæн. Стӕй ма лӕппуйӕн йӕ саулагъз хъуынтӕ скъолайӕ фӕстӕмӕ кӕй сурс сты, уымӕн дӕр йӕ аххосаг бирӕтӕ агурынц уым.
"Мӕ фыд дӕр урс сӕр у, бынтон уый тыххӕй дӕр нӕу, фӕлӕ ӕз скъоладзауӕй райдыдтон урс кӕнын. Ӕвӕццӕгӕн мыл зӕххӕнкъуысты дӕр бандӕвта", - балхынцъ кодтай уый.
Ацы аз дӕр та Хуссар Ирыстоны ссардтой зӕххӕнкъуысты амӕттӕгты рухс нӕмттӕ. Мысӕн митингтӕ ацыдысты Дзау ӕмӕ Хахеты. Ацы цӕрӕн пунктты уӕлдай стыр тых уыд ӕрдзон бӕллӕхӕн.
31 азы размӕ зӕххӕнкъуысты эпицентр 9 баллы магнитудӕйы уыд Дзауы районон центры цур. Поселок ныппырх, Хахеты хъӕу та ацыд зӕххы бын йӕ 42 цӕрӕгимӕ иумӕ.
Зӕххӕнкъуысты амӕттӕгтӕ ӕдӕппӕт баисты 59 адӕймаджы, уыдонӕй 21 уыдысты сывӕллӕттӕ.