https://sputnik-ossetia.com/20220501/tsmn-ffldkht-dzyrd-sguykht-y-nysaniug--16429616.html
Цæмæн фæфæлдæхт дзырд "сгуыхт"-ы нысаниуæг?
Цæмæн фæфæлдæхт дзырд "сгуыхт"-ы нысаниуæг?
Sputnik Хуссар Ирыстон
Ирон æвзаджы ис фæлдæхт дзырдтæ. Сгуыхт, мæлæты лæг, фæстинон – адон сты сæ нысаниуджытæ иннæрдæм кæмæн сты, ахæм дзырдтæ. Сгуыхт амоны гъæйтт-мардзæ, хъайтар... 01.05.2022 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2022-05-01T12:40+0300
2022-05-01T12:40+0300
2022-05-01T12:40+0300
хуссар ирыстоны
радио иронау
зонад
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e6/04/16/16429590_29:0:1473:812_1920x0_80_0_0_46b92b4f21f1833e079257398f495d44.png
Цæмæн фæфæлдæхт дзырд «сгуыхт»-ы нысаниуæг?
Sputnik Хуссар Ирыстон
Цæмæн фæфæлдæхт дзырд "сгуыхт"-ы нысаниуæг?
Ирон æвзаджы ис фæлдæхт дзырдтæ. Сгуыхт, мæлæты лæг, фæстинон – адон сты сæ нысаниуджытæ иннæрдæм кæмæн сты, ахæм дзырдтæ. Сгуыхт амоны гъæйтт-мардзæ, хъайтар. Фæлæ раздæр (чизоны ма нырдæр фæдзурынц нæ зæрæдтæ искуы) афтæ дзырдтой мардæй: Сгуыхт рахастой уæлмæрдмæ.Мардæн йæ бон нæу хъайтар æмæ сгуыхт уæвын, уымæ гæсгæ, ам сгуыхт фæлдæхт дзырд у: амоны йæ комкоммæ нысаниуæджы ныхмæ чи у, ахæм мидис, ома "мард".Йæ райдайæнæй сгуыхты нымадтой, хæсты чи фæмард, ахæм адæймаджы (хæстоны, нæлгоймаджы). Хæсты амæлын сгуыхтдзинад уыдис. Хæсты та мардысты æмæ (хъыгагæн) мæлынц, хæцæнгарз сисын йæ бон кæмæн у, ахæм кары нæлгоймæгтæ, ома лæппуйæ суанг зæры кармæ.Фæстагмæ сгуыхты нысаниуæг фæуæрæхдæр, æвæццæгæн, дзырд сгуыхт чысылгай дзурын райдыдтой алы мардæй дæр. Гъеныр ын ницыуал бастдзинад зыны хæсты быдыры фæмардуæвæг адæймæгтимæ.Алæвæрд арæзт у Гæбæраты Никъалайы чиныг "Афтæ цæмæн дзурæм"-мæ гæсгæ.Цы нысан кæнынц иннæ дзырдтæ æмæ фразæтæ, уый тыххæй бæстондæрæй æрмæгмæ хъусут радио Sputnik Хуссар Ирыстоны 106. 3 fm.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2022
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e6/04/16/16429590_209:0:1292:812_1920x0_80_0_0_8519ad212da45cb33504464e0a726d3f.pngSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, радио иронау , зонад, аудио
хуссар ирыстоны, радио иронау , зонад, аудио
Ирон æвзаджы ис фæлдæхт дзырдтæ. Сгуыхт, мæлæты лæг, фæстинон – адон сты сæ нысаниуджытæ иннæрдæм кæмæн сты, ахæм дзырдтæ. Сгуыхт амоны гъæйтт-мардзæ, хъайтар. Фæлæ раздæр (чизоны ма нырдæр фæдзурынц нæ зæрæдтæ искуы) афтæ дзырдтой мардæй: Сгуыхт рахастой уæлмæрдмæ.
Мардæн йæ бон нæу хъайтар æмæ сгуыхт уæвын, уымæ гæсгæ, ам сгуыхт фæлдæхт дзырд у: амоны йæ комкоммæ нысаниуæджы ныхмæ чи у, ахæм мидис, ома "мард".
Йæ райдайæнæй сгуыхты нымадтой, хæсты чи фæмард, ахæм адæймаджы (хæстоны, нæлгоймаджы). Хæсты амæлын сгуыхтдзинад уыдис. Хæсты та мардысты æмæ (хъыгагæн) мæлынц, хæцæнгарз сисын йæ бон кæмæн у, ахæм кары нæлгоймæгтæ, ома лæппуйæ суанг зæры кармæ.
Фæстагмæ сгуыхты нысаниуæг фæуæрæхдæр, æвæццæгæн, дзырд сгуыхт чысылгай дзурын райдыдтой алы мардæй дæр. Гъеныр ын ницыуал бастдзинад зыны хæсты быдыры фæмардуæвæг адæймæгтимæ.
Алæвæрд арæзт у Гæбæраты Никъалайы чиныг "Афтæ цæмæн дзурæм"-мæ гæсгæ.
Цы нысан кæнынц иннæ дзырдтæ æмæ фразæтæ, уый тыххæй бæстондæрæй æрмæгмæ хъусут радио Sputnik Хуссар Ирыстоны 106. 3 fm.