Хуссарирыстойнаг скъоладзау рамбылдта æхсæнадæмон олимпиадæ математикӕйӕ

Хуссарирыстойнаг скъоладзау рамбылдта æхсæнадæмон олимпиадæйы
Рафыссын
Цхинвалы гимнази "Альбион"-ы ахуыргæнинаг Биазырты Алан фæуæлахиз фыццаг Цæгат-Кавказаг олимпиадæйы хистæркъласонты ᾿хсæн математикæйæ. Мадзалы фæдыл йæ тæлмæнтæ Sputnik радзырдта скъоладзауы ахуыргæнæг математикæйæ Гататы Нана.
Уый загъта, зæгъгæ йын у тынг æхсызгон, æнхъæл нæ уыдысты, кæй рамбулдзысты фыццаг бынат. Уæлдай æхсызгондзинад ын æрхаста, хицауады къухæй кæй райстой хæрзиуæг, уый.
"Фæуæлахизуæвæг у претендент республикæйы хуыздæр рауагъдоны номмӕ æмæ ныр йæ шанстæ фæфылдæр сты", - загъта Гататы Нана.
Уый ма банысан кодта, зӕгъгӕ, хорз уаид æмæ хуссарирыстойнаг скъоладзаутæн университеты лектортæ куы уадзиккой факультативтæ мæй иу хатт уæддæр.
Бæстондæрæй æрмæгмæ хъусут радио Sputnik Хуссар Ирыстон 106.3 fm.
Ног хабӕртты лентӕ
0