"Непокоренные". Хуссар Иры фӕсивӕд хайад райсдзӕн патриотикон акцийы

© Sputnik / Valeriy Melnikov /  Ахизын медиабанкмæУӕлахизы бон Мӕскуыйы
Уӕлахизы бон Мӕскуыйы - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 03.05.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 3 май – Sputnik. Хуссарирыстойнаг ӕвзонг адӕмӕн фадат уыдзӕн хайад райсын патриотикон акци "Непокоренные"-йы, кӕцы уагъд цӕуы автономон ӕнӕкоммерцион организаци "Звезда" ӕмӕ Россотрудничествойы хъӕппӕрисӕй. Уый тыххӕй Sputnik фехъусын кодта Цхинвалы "Русский дом"-ы сӕргълӕууӕг Сергей Скворцов.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, акцийы ма хайад райдзӕн 18-30 азы кары фӕсивӕд Хӕдбар паддзахӕдты цӕдисы бӕстӕтӕй, Балти, Серби ӕмӕ Днестргӕронӕй.
"Акцийы хайадисджытӕ иууылдӕр ӕрӕмбырд уыдзысты Мӕскуыйы 12 июны ӕмӕ автобусон колоннӕйӕ араст уыдзысты ахӕм маршрутыл: Мӕскуы-Смоленск-Минск-Брест. Кӕройнаг бынатмӕ бахӕццӕ уыдзысты 22 июны. Балцы рӕстӕджы-иу колоннӕ бауромдзӕн ахӕм бынӕтты, кӕцыты цыдысты Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕсты иууыл зындгонддӕр цаутӕ. Алыран дӕр уагъд цӕудзысты мадзӕлттӕ бынӕттон фӕсивӕд ӕмӕ ветеранты хайадистӕй", - радзырдта Скворцов.
Уый бафтыдта, зӕгъгӕ, акцийы хайад райсыны тыххӕй хъӕуы бахизын автономон ӕнӕкоммерцион организаци "Звезда"-йы сайтмӕ ӕмӕ дзы срегистраци кӕнын. Мӕскуыйы къамис ӕркӕсдзӕн алы хайадисӕджы кандидатурӕмӕ дӕр ӕмӕ равзардзӕн фӕсивӕды къорды, кӕцы ацӕудзӕн загъдгонд маршрутыл.
"Хуссар Ирыстонӕй хайдисджыты нымӕцӕн ницы арӕнӕвӕрдтӕ ис, арӕнӕвӕрдтӕ баст сты ӕрмӕстдӕр каримӕ", - бахахх кодта "Русский дом"-ы сӕргълӕууӕг.
Скворцов ма бафиппайдта, акцийы хӕрдзтӕ иууылдӕр сӕхимӕ кӕй райстой организатортӕ.
Ног хабӕртты лентӕ
0