Цхинвалы интернаты ахуырдзау рамбылдта Спорты скъолайы фыццагад шахмӕттӕй

© Из архива Г. Шавлохова Спорты скъолайы фыццагагд шахмӕттӕй

Спорты скъолайы фыццагагд шахмӕттӕй - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 03.05.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 3 май - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны сывӕллӕтты спорты республикон скъолайы турнир рабӕрӕг кодта кӕстӕр фӕлтӕры хуыздӕр шахматистты. Шахмӕтты Федерацийы хистӕр Саулохты Георгий Sputnik куыд радзырдта, афтӕмӕй фыццагды стох кодтой ӕрмӕст дӕс спортсмены, фӕлӕ уыдон сты республикӕйы тыхджындӕр фӕсивӕд.
"Фыццаг бынат бацахста Бахъаты Гамлет, дыккаг бынатыл ацыд Джыгкайты Артур ӕмӕ ӕртыккаг призер та ссис Цоциты Ацӕмӕз", - загъта уый.
Ӕнтыстджынты нымӕцы сты Цхинвалы скъола-интернаты, гимназ "Рухс" ӕмӕ дыккӕгӕм скъолайы минӕвӕрттӕ.
"Уӕлахиздзау у Цхинвалы скъола-интернаты шахматон секцийы ахуырдзау, кӕцы цӕттӕ кӕны Тедеты Георгийы дӕлбар, дыууӕ призеры та - дыккӕгӕм скъолайы ӕмӕ гимназийы минӕвӕртты - цӕттӕ кӕнын мӕхӕдӕг", - бафтыдта Саулохты Георгий.
Хуссар Ирыстоны фӕстаг ӕзты популярондӕр кӕны спорты ацы хуыз, Цхинвалы конд ӕрцыд шахмӕттӕй цӕттӕгӕнӕн скъола сывӕллӕттӕн.
Ног хабӕртты лентӕ
0