Уӕрӕсейаг ракетӕтӕ скуынӕг кодтой фӕсарӕйнаг хӕцӕнгарзимӕ ангартӕ Одессайы

© Министерство обороны РФ /  Ахизын медиабанкмæБазырджын ракетӕ "Оникс". Архивон къам
Базырджын ракетӕ Оникс. Архивон къам  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 03.05.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 3 май — Sputnik. Уӕрӕсейы Гарзджын тыхтӕ базырджын ракетӕтӕ "Оникс"-ӕй скуынӕг кодтой фӕсарӕйнаг хӕстӕрмӕджытимӕ ангартӕ Одессайы.
"Дырыс ракетӕтӕ "Оникс"-тӕй Одессайы районы ныццавдӕуыд ӕфсӕддон аэродромы логистикон центр, кӕцыйы уылты ластой фӕсарӕйнаг хӕцӕнгарз. Куынӕг ӕрцыдысты ангартӕ ӕнӕпилотон тӕхгӕ апараттимӕ "Байрактар ТБ2", афтӕ ма ракетӕтӕ ӕмӕ хӕстӕрмӕджытимӕ, кӕцытӕ сӕ ӕрбаластой АИШ ӕмӕ европӕйаг бӕстӕтӕй", - хъусын кӕны РИА Новости Уӕрӕсейы хъахъхъӕнынады министрады официалон минӕвар Игорь Конашенковы ныхӕстӕ.
Уымӕй дарддӕр ма УФ ракетӕйон ӕфсад скуынӕг кодта командон пункттӕ Харьковы областы ӕмӕ зенитон ракетӕйон комплекс С-300-йы уадзӕн Николаеваг областы.
Уӕрӕсе 24 февралы райдыдта сӕрмагонд ӕфсӕддон операци Украинайы демилитаризаци ӕмӕ денацификацийы фӕдыл. Бӕстӕйы Хъахъхъӕнынады министрады куыд банысан кодтой, афтӕмӕй УФ Гарзджын тыхтӕ ӕхсынц ӕрмӕстдӕр ӕфсӕддон инфраструктурӕ ӕмӕ украинаг ӕфсӕдты.
Украинӕйы Гарзджын тыхтӕ минометтӕй фехстой арӕнгӕрон пункт УФ Курскы областы - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 29.04.2022
Украинӕйы Гарзджын тыхтӕ минометтӕй фехстой арӕнгӕрон пункт УФ Курскы областы
Ног хабӕртты лентӕ
0