Босыкты Владимир: "Аландон" ӕввахс рӕстӕджы срӕвдз кӕндзӕн йӕ рауагъдад

Босыкты Владимир: «Аландон» тагъд скусын кӕндзӕн йӕ рауагъдад
Рафыссын
Минералон дон "Аландон"-ы рауагъдады хаххы фӕзынд къуылымпыдзинӕдтӕ, ифтонгады кӕцыдӕр хӕйттӕ кӕй базӕронд сты, уый ахоссӕй. Генералон директор Босыкты Владимир радио Sputnik Хуссар Ирыстоны интервьюйы баныфсӕвӕрдта, тагъд кӕй сӕндидздзӕн минералон доны рауагъдад.
"Рауагъдады цыдӕр хӕйтӕ базӕронд сты ӕмӕ сӕ баивтам. Завод скусдзӕн ног къури", - загъта уый.
Генералон директор радзырдта, рауагъдады сӕйраг компоненттӕ дыууӕ хаттӕй фылдӕр кӕй фӕзынаргъ сты, уый бандӕвта продукты аргъыл дӕр.
"Ӕргътӕ схызтысты, этикеткӕйӕ авджы сӕры онг. Полипропилены хӕйттӕ цӕмӕй аразынц, уыдон уадзынц фӕсарӕнты. Уӕрӕсейы дзы ис дыууӕ заводы, фӕлӕ уыдон фаг продукци нӕ уадзынц ӕмӕ уый тыххӕй ӕлхӕдтам фӕсарӕнты", - бафиппайдта Босыкты Владимир.
Уый банысан кодта, зӕгъгӕ, цӕрджытӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ нӕхи дон кӕй у, уый тыххӕй дзы ницы хардз цӕуы. Фӕлӕ, йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, рауагъдады ис бирӕ хӕрдзтӕ.
Ног хабӕртты лентӕ
0