Хуссар Иры ЦӔК радзырдтой цæстдарджыты тыххæй президентон æвзæрстыты дыккаг туры

© Sputnik / Natalia AiriyanПрезидентон æвзæрстытæ
Президентон æвзæрстытæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 04.05.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 4 май — Sputnik, Гæбæраты Элина. Хуссар Ирыстонмæ президентон æвзæрстытæм цæстдарджыты хуызы æрцæудзысты делегацитæ Уæрæсе, ДАР, ЛАР æмæ Абхазæй, фехъусын кодта Sputnik Централон æвзарæн къамисы нымæрдар Авлохты Кристина.
Президентон æвзæрстыты дыккаг тур ацæудзæн хуыцаубоны, 8 майы. Хайад сæ райсдзысты дыууæ кандидаты, кæцытæ фыццаг туры систой фылдæр хъæлæстæ - Гаглойты Алан æмæ Бибылты Анатолий.
"Махмæ ис бæрæггæнæнтæ Уæрæсейы æхсæнадон палатæйæ, Федерацийы Советæй, УФ Паддзахадон думæйæ, Абхазы Адæмон советæй. Афтæ ма æрцæудзысты цæстарджытæ ДАР æмæ ЛАР-æй", - радзырдта Авлохты Кристина.
Афтæ ма уый фехъусын кодта, кандидаттæн æвзæрстагъоммæ дебаттæ кæй нал уыдзæн.
"Паддзахадон телеуынынад нæм нæ бавдыста информаци æнæаргъ эфирон рæстæджы тыххæй. Кандидатты сæхи дæр нал бафæндыд, уымæ гæсгæ дебаттæ нал уыдзæн", - бамбарын кодта къамисы нымæрдар.
Хъæлæскæнынады фыццаг тур ацыд 10 апрелы. Йæ фæстиуджытæм гæсгæ, дыккаг турмæ ахызтысты парти "Ныхас"-ы раздзог (38,55%) æмæ архайгæ президент Бибылты Анатолий (34,95%).
Ног хабӕртты лентӕ
0