Ногӕй та космосмӕ: Цхинвалы планетарий сног кодта йӕ куыст

© Sputnik / Григорий Сысоев /  Ахизын медиабанкмæПланетарий
Планетарий - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 04.05.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 4 май — Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Хуссар Ирыстоны йӕ куыст сног кодта планетарий, фехъусын кодта Sputnik Сывӕллӕтты сфӕлдыстадон галуаны директоры хӕдивӕг Ӕрсойты Зӕринӕ. Уый бахахх кодта, планетарийы куыст кӕй фӕкъуыхцы кодта коронавирусы пандеми.
Хуссар Ирыстоны 2019 азы ноябры кӕрӕтты бакодтой планетарий. Уый нымад у 20 адӕймагыл. Планетарий арӕзт ӕрцыд фӕсивӕды монон-фӕткӕвӕрдон хъомылады программӕйы фӕлгӕтты Сывӕллӕтты сфӕлдыстадон галуаны инициативӕйӕ. Фӕнды фарсмӕ балӕууыдысты Ахуырады министрады дӕр.

"Мах йӕ бакӕнды фӕстӕ ӕвдыстам фильмтӕ планетарийы. Фӕлӕ нӕ карантинон арӕнӕвӕрдтӕ бакъуылымпы кодтой системон куыст срӕвздз кӕныны хъуыддаджы. Уымӕй дарддӕр ма нын зымӕджы нӕй кусыны фадат, хъармгӕнӕн системӕ дзы кӕй нӕй, уый тыххӕй", - радзырдта Ӕрсойты Зӕринӕ.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, алы кары сывӕллӕттӕн дӕр арӕзт ӕрцыдысты программӕтӕ, кӕцытӕн ис ахуырадон характер.
"Хистӕркъласонтӕн уыдзӕн фылдӕр информативон нывӕзт, уый лӕудзӕн ӕввахс ахуырадон программӕмӕ. Скъолаагъоммӕ уагдӕтты хъомылгӕнинӕгтӕн та нывӕзты ис аргъӕуттӕ космосимӕ, хуры системӕ, галактикӕтимӕ базонгӕ кӕныны тематикӕйыл", - бамбарын кодта директоры хӕдивӕг.
Планетариймӕ сывӕллӕттӕ цӕудзысты Галуаны ахуыргӕнджытимӕ. Ахуыры азы кӕрӕттӕм сывӕллӕттӕ ардӕм цӕудзысты графикмӕ гӕсгӕ, каникулты рӕстӕджы та кӕдфӕндыдӕр.
Ног хабӕртты лентӕ
0