https://sputnik-ossetia.com/20220504/tsugdon-ksan-flasta-leningory-ds-khuy-razamynad-iuvars-kny-stikhiiyy-fstiudzhyt-16561833.html
Цæугæдон Ксан фæласта Ленингоры дæс хъæуы. Разамынад иуварс кæны фыдбылызы фæстиуджытæ
Цæугæдон Ксан фæласта Ленингоры дæс хъæуы. Разамынад иуварс кæны фыдбылызы фæстиуджытæ
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 4 май – Sputnik, Гæбæраты Элина. Хуссар Ирыстоны Ленингоры районы цæугæдон Ксан раивылд æмæ фæласта дæс хъæуæй фылæр. Районы администрацийы... 04.05.2022 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2022-05-04T10:01+0300
2022-05-04T10:01+0300
2022-05-04T10:17+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
цаутӕ
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e6/05/03/16560076_0:188:638:547_1920x0_80_0_0_69ed79fad1c5c27ee2e59dac9a43c082.jpg
ЦХИНВАЛ, 4 май – Sputnik, Гæбæраты Элина. Хуссар Ирыстоны Ленингоры районы цæугæдон Ксан раивылд æмæ фæласта дæс хъæуæй фылæр. Районы администрацийы пресс-службæ куыд хъусын кæны, афтæмæй æрдзон бæллæхы фæстиуæгæн 15 хъæумæ та аскъуыд фæндагон бастдзинад.Коммуналон службæтæ нырма не 'рывнæлдтой æрдзон бæллæхы фæстиуджытæ иуварс кæнынмæ, хъуыддаг фæстиат кæны техникæ фылдæр бæрцæй хæлд кæй у, уый."Районы цæрæн-коммуналон службæйы автопарк 2008 азæй фæстæмæ не 'сног кодтой æмæ техникæ у хæлд. Ныридæгæн уый аххосæй куыстытæ æрурæдтой. Афтмæй та бирæ хъæутæм бахъуыды рæстæджы тагъд æххуыс дæр нæ бацæудзæн", - бафтыдта уый.Кокойты Анжела ма радзырдта, донивылд кæй æрхаста бирæ зиан.Фæстаг хатт цæугæдон Ксан афтæ фæласта район 2012 азы.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2022
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e6/05/03/16560076_0:128:638:607_1920x0_80_0_0_1d5d28b60bae2f4429df603b67a556ba.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, цаутӕ
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, цаутӕ
Цæугæдон Ксан фæласта Ленингоры дæс хъæуы. Разамынад иуварс кæны фыдбылызы фæстиуджытæ
10:01 04.05.2022 (Ранӕуӕггонд: 10:17 04.05.2022) ЦХИНВАЛ, 4 май – Sputnik, Гæбæраты Элина. Хуссар Ирыстоны Ленингоры районы цæугæдон Ксан раивылд æмæ фæласта дæс хъæуæй фылæр. Районы администрацийы пресс-службæ куыд хъусын кæны, афтæмæй æрдзон бæллæхы фæстиуæгæн 15 хъæумæ та аскъуыд фæндагон бастдзинад.
"Стыр къæвдаты фæстиуæгæн цæугæдон Ксан ракалд йæ былтæй æмæ фæласта цалдæр цæрæн пункты. Донивылд бахъыгдардта Ларгвис æмæ æввахс хъæуты, фехæлдта фæндæгтæ æмæ хидтæ", - загъта районы пресс-секретарь Кокойты Анжела.
Коммуналон службæтæ нырма не 'рывнæлдтой æрдзон бæллæхы фæстиуджытæ иуварс кæнынмæ, хъуыддаг фæстиат кæны техникæ фылдæр бæрцæй хæлд кæй у, уый.
"Районы цæрæн-коммуналон службæйы автопарк 2008 азæй фæстæмæ не 'сног кодтой æмæ техникæ у хæлд. Ныридæгæн уый аххосæй куыстытæ æрурæдтой. Афтмæй та бирæ хъæутæм бахъуыды рæстæджы тагъд æххуыс дæр нæ бацæудзæн", - бафтыдта уый.
Кокойты Анжела ма радзырдта, донивылд кæй æрхаста бирæ зиан.
"Фæласта фистæгæй цæуæн хид Куртайы, фæдæлдон дурцъæлгæнæн цех Раздæхæны. Фесæфтысты хуым зæххытæ æмæ цæхæрадæттæ", - бафтыдта уый.
Фæстаг хатт цæугæдон Ксан афтæ фæласта район 2012 азы.