Быценты Индира: ног аппаратæй сгардзыстæм зӕрдӕйы, хуылфы ӕмӕ гинекологийы низтæ

Хуссар Ирыстоны рынчындоны сæйраг дохтыр: ног аппаратæй сгардзыстæм зӕрдӕйы, хуылфы ӕмӕ гинекологийы низтæ
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны зæрдæйы низæй хъыгдард чи æййафы, уыдонæн сæ къух фæрæуæг уыдзæн потологитӕ сгæрсты хъуыддаджы. Уый тыххæй Sputnik радзырта рынчындоны сӕйраг дохтыр Быценты Индира.
Йӕ ныхӕстӕм гæсгæ, бирӕпрофилон медицинон центр райста сгарыны ног аппарат, бӕрӕг дзы кӕнынц куыд зӕрдӕйы, афтӕ ма хуылфы ӕмӕ гинекологийы низтӕ дæр.
"Республикæй цæрджыты нал хъæудзæн Дзæуджыхъæумæ цæуын, ныр нæхимæ дæр сæ бон суыдзæн сæхи басгарын", - фехъусын кодта дохтыр.
Аппаратыл кусы зæрдæйы дохтыр Æлборты Олеся, уый развæлгъау рацыд ногæй цæттæ кæныны курсытæ. Аппарат у портативон, гæнæн ис æмæ йын йæхи хæссой рынчыны цурмæ.
"Цæмæй рынчыны басгарæм эхокардиографæй, уый тыххæй пациент развæлгъау хъуамæ поликлинникæйы дохтырæй райса здæхт", - банысан кодта республикон рынчындоны сæйраг дохтыр.
Бæстондæрæй æрмæгмæ хъусут радио Sputnik Хуссар Ирыстон 106.3 fm.
Ног хабӕртты лентӕ
0