Задын – ирон адджинаг

Задын – ирон адджинаг
Рафыссын
Ирон адæммæ бирæ дзæбæх хæринæгтæ ис, сæ иу у задын. Дзырд "задын" бæрæг у йæ кондæй, ома, зады ссадæй.
Куыд аразынц задын? Арæхдæр мæнæу кæнæ хъæбæрхор иу æхсæв баудайынц, стæй йын йæ дон алæдарынц æмæ йæ хъарм банордынц исты мигæнæны. Хойраг хъармы рауадзы билцъ æмæ лыстæг уидæгтæ. Уидæгтæ кæрæдзийыл афтæ тынг стыхсынц, æмæ уыцы бæлæгъ къæдзæхæй куы фæдæлгом кæнай, уæддæр зады къуыбар нæ ныппырх уыдзæн. Къухæй йæ хъæуы ныскъуыдтæ кæнын. Стæй йæ бахус кæнынц хурмæ хуртуаныл, æрыссынц æй куыройы æмæ зады ссад цæттæ.
Зады ссадæй ма кæнынц задылцымгæ дæр. Задылцымгæйæн дæр йæ ном йæ уæлæ ис: тæнæг хæринаг у, цымгæ у. Йæ рецепт у хуымæтæг: зады ссад доныл дзæбæх сцъæл кæн къухæй, стæй йæ бауæларт кæн.
Задылцымгæ-иу лæвæрдтой, æвгъæддонæн дæр, уымæн æмæ ахъаз у организмæн. Куыд фæстагмæ ацы хæринаг сси ‘вгъæддон сылгоймаджы хай. Уый бахынцгæйæ, нæлгоймæгтæ йе ʻмгæрæтты бынтон нал ацыдысты æргомæй.
Задынтæ æмæ æндæр ахæм быллатæ æцæгдæр сылгоймæгтыл хуыздæр фидыдтой. Уыдон ацы хæринæгтæ кодтой æхсæвбадæнты, æнæхъæн къордæй исты митæ кæнгæйæ æмæ æндæр ахæм хъæлдзæг бадтыты.
Гæбæраты Никъалайы чиныг "Афтæ цæмæн дзурæм"-мæ гæсгæ.
Бæстондæрæй æрмæгмæ хъусут радио Sputnik Хуссар Ирыстоны 106.3 fm.
Ног хабӕртты лентӕ
0