Ӕрурæдтой Цхинвалы цæрæджы, кæцы фæнадта йæ усы - МХМ

© Sputnik / Табылды Кадырбеков /  Ахизын медиабанкмæӔрурæдтой Цхинвалы цæрæджы, кæцы фæндата йæ усы - МХМ
Ӕрурæдтой Цхинвалы цæрæджы, кæцы фæндата йæ усы - МХМ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 08.05.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 8 май - Sputnik. Хуссар Ирыстоны барадхъахъхъæнæг органтæ æрурæдтой нæлгоймаджы, кæцымæ зæрдæ æхсайы йе 'мкъайы фыднад фæкæныны хъуыддаджы. Сылгоймаг бахауд рынчындонмæ, хъусын кæны МХМ-йы пресс-службæ.
Уагдоны бамбарын кодтой, зæгъгæ, Зары трагедийы амæттæгты цыртмæ хæстæг сабаты "ВАЗ-2109" маркæ хæдтулгæйы цур ссардтой над сылгоймаджы. Тагъд æххуысы хæдтулгæйыл æй фæхæццæ кодтой рынчындонмæ.

"Барадхъахъхъæнæг органтæ сгарæн куысты рæстæджы сбæлвырд кодтой, сылгоймаг кæй у Цхинвалы 33-аздзыд цæрæг. Йæ ныхæстæм гæсгæ йæ фæнадта йæ 40-аздзыд æмкъай, кæцы алыгъд хъæды ʻрдæм", - загътой МХМ-йы.

Хæдтулгæйы уыд сылгоймагæн йæ 12-аздзыд фырт, уый фыртасæй алыгъд хъæдмæ. Цауы бынаты лæппуйы агуырдтой тыхон уагдæтты минæвæрттæ æмæ волонтертæ.
РХИ МХМ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 11.04.2022
Хуссар Иры МХМ радзырдтой ивгъуыд къуырийы фыдракӕндтӕ ӕмӕ авариты тыххӕй
"Изæры 16.00 сахатмæ æввахс зæрдæхсайгæ адæймаджы æрурæдтой æмæ йæ бакодтой Цхинвалы районы МХМ управленимæ. Агуырды фæстиуæгæн 18.45 сахатмæ æввахс Чъехы хъæумæ хæстæг хъæды ссардтой сывæллоны. Уый бакодтой РБМЦ сывæллæтты рынчыдонмæ", - банысан кодтой МХМ-йы.
Дохтырты ныхæстæм гæсгæ, лæппу суазал ис, фæлæ йæ цардæн тас ницæмæй у. Йæ мады цардæн дæр тас нæу.
Ног хабӕртты лентӕ
0