Гаглойты Алан схъæлæс кодта Хуссар Иры президентон æвзæрстыты

© Sputnik / Natalia AiriyanГаглойты Алан схъæлæс кодта Хуссар Иры президентон æвзæрстыты
Гаглойты Алан схъæлæс кодта Хуссар Иры президентон æвзæрстыты - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 08.05.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 8 май - Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны президенты бынатмæ кандидат Гаглойты Алан схъæлæс кодта 23-æм æвзарæн фадыгыл.
Ӕвзæрстыты фыццаг туры Гаглойты Алан райста æмбæстæгты хъæлæсты фылдæр хай æмæ цалдæр процентæй фæцыс архайгæ президент Бибылты Анатолийы разæй.
"Горæт у сабыр, иумæйагæй сисгæйæ нырма ницы фæткхæлдтæ сбæрæг кодтам. Ӕрмæст Дзауы районы уынæм, уырдæм куыд ласынц адæмы Цæгат Ирыстонæй. Фæлæ нæ ныфс ис, алцыдæр кæй ацæудзæн сабырæй", - загъта кандидат.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, адæм æнхъæлмæ кæсынц æвзæрстытæм, цæмæй горæты æрбиноныг уой закон æмæ фæтк.
"Ӕмæ уæд ис размæ ацæуæн дæр", - бафтыдта Гаглойты Алан.
Хуссар Ирыстоны хуыцаубоны уагъд цæуы президентон æвзæрстыты дыккаг тур. Бæстæйы уæлдæр бынатыл тох кæнынц архайгæ президент Бибылты Анатолий æмæ парти "Ныхас"-ы раздзог Гаглойты Алан.
Ног хабӕртты лентӕ
0