Национ аивады стыр зиан: Хуссар Иры йæ цардæй ахицæн адæмон артисткæ Хъæцмæзты Фатимæ

© Sputnik / Наталья АйриянХъæцмæзты Фатимæ
Хъæцмæзты Фатимæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 10.05.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 10 май - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Дӕргъвӕтин рынчыны фӕстӕ йӕ цардӕй ахицӕн Хуссар æмæ Цæгат Ирыстоны Адӕмон артисткӕ, режиссер Хъӕцмӕзты Фатимӕ. Номдзыд актрисӕйы ацыд сбӕлвырд кодта драмтеатры аивадон къухдариуӕггӕнӕг Дзудцаты Тамерлан.
Актрисӕ фӕстаг ӕзты уыд уӕззау рынчын, йӕ хоскӕнынаднӕн республикӕйы ацыд хӕрзаудӕн акци дӕр. Фӕлӕ уӕззау низ разынд тыхджындӕр. Актрисӕйыл цыд ӕрмӕст 60 азы.

"Национ аивадыл ӕрцыд уӕззау зиан. Фатимӕ махӕн уыд канд хорз актрисӕ нӕ, фӕлӕ ма хорз режиссер дӕр. Уый театры сценӕйӕн нырма бирӕ балӕггад кодтаид, фӕлӕ хъысмӕт разынд ӕгъатыр", - загъта Дзудцаты Тамерлан.

Фатимӕйы фӕндаг театрмӕ райдыдта 1983 азы Тбилисы театралон институты ирон курсы ахуыры фӕстӕ.
Хъæцмæзты Фатимæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 27.03.2020
Мæ цард æнæхъæнæй у театрæн лæвар – Хъæцмæзты Фатимæ
Уындджын актрисӕ сӕххӕст кодта театры сценӕйыл 50 фӕлгонцы бӕрц, сӕвӕрдта ирон драматургийы пьесӕтӕ куыд режиссер. Театрмæ йæ бацыды фæстæ уымæн лæвæрд цыдысты сценæйыл ирон рæсугъд чызджыты фæлгонцтæ. Йæ куыстыты нымæцы Софи "Софийы зарæджы" , миссис Пирс "Пигмалионы", Флоренс "Странная миссис Сэвидж"-ы, Минæт "Усгур Гацийы", Агуындæ "Бинонты", Калимæт "Тугæйдзаг чындзæхсæвы", Аланӕ "Кæмдæр ирон лæппутæ зарынц"-ы, Роксана "Хилачы фидары", Тауырзат "Æнусон цырты", Зарета "Мæ усы лæджы", Уарзета "Дыууæ чындзæхсæвы", Аза "Расыггæнджыты", донна Люция "Тетушка Чарлейы" æмæ æндæртæ.
Театры аивадон разамонæг ма рахицæн кодта Адæмон артисткæйы æнахуыр æнувындзинад йӕ куыстыл дӕр.

"Уый кæдфæндыдæр уыд æнувыд театрыл. Йæ дыууæ чысыл сабийы-иу ныууагъта йæ ныййарджыты æвджид æмæ уæззау рæстæджыты арæзта бæрæгбонтæ театры. Фыццаг театралон фæзуаты ногазон æхсæвы дæр уый сарæзта концерт, фæстæдæр уый ссис хорз традици", - æрымысыд Дзудцаты Тамерлан.

Актерон куысты æнтыстытæм æнæкæсгæйæ, Фатимæ аскъуыддзаг кодта басæттын аивады ног бæрзонд - уый ацыд режиссеры дæсныйад сахуыр кæнынмæ "Академия переподготовки работников искусства, культуры и туризма"-мæ программæ "Режиссура драматического театра"-мæ гæсгæ. Уый фæстæ райгуырдысты спекткальтæ "Цыппæрæмæй цыппæрæммæ", "Ды мæ куы уарзай", "Азау æмæ Таймураз", "Æз ус нæ курын", "Рæстæгмæ ус" æмæ æндæртæ.
Хъæцмæзты Фатимæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 10.07.2019
Хъæцмæзты Фатимæ: комеди "Ӕз ус нæ курын" фæцыд кæсджыты зæрдæмæ
Театры Адæмон артисткӕ Гугкаты Эвелина Фатимайы рахицæн кодта фыццаджыдӕр курдиатæй, стӕй та куыстмæ æвзыгъддзинад.
"Йæ фадæттæ æппæтӕй нæ райхæлдта. Йе сфæлдыстад æрхаудта уæззау рæстæджытæм. Фатимӕ канд курдиатджын нæ уыд, фæлæ ма уыд тынг куыстуарзон. Бон 24 сахаты дæр куыстиад сценӕйыл", - бахахх кодта уый.
Ног хабӕртты лентӕ
0