Ирыстоны алӕмӕттаг къуымтӕ. Монастъеры дзуар

Ирыстоны алӕмӕттаг къуымтӕ. Монастеры дзуар
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны ис бирӕ кувӕндӕттӕ ӕмӕ аргъуантӕ. Алкӕмӕн дӕр сӕ ис йӕхи уникалон истори. Нӕ алӕвӕрды дзы абон радзурдзыстӕм иу аргъуаны тыххӕй.
Монастъеры хъӕу у 9,5 километры дӕрддзӕф Цхинвалӕй. Ардӕм цӕуын ницы зындзинад ӕййафын кӕны, сӕрибарӕй дзы цӕуынц рог хӕдтулгӕтӕ. Хъӕу ӕртӕ дихы у: Джихаты хъӕу, Тиры хъӕу ӕмӕ быннаг Монастъер. Ацы хъӕуы цӕрджыты ныхӕстӕм гӕсгӕ, уыдон ам цӕрынц 5 фӕлтӕры. Сӕ фыдӕлтӕ ацы зӕххытӕ балхӕдтой сызгъӕринӕй ӕмӕ дзы ӕрцардысты. Фӕлӕ Монастъеры хъӕу ӕрмӕст уымӕй нӕу зындгонд Хуссар Ирыстоны.
Айнӕг къӕдзӕхыл арӕзт ӕрцыд Мад Майрӕмы райгуырды цытӕн моладзандон, кӕнӕ та йӕ адӕм куыд хонынц – Монастъеры дзуар. Уый у Хуссар Ирыстоны сӕйраг кувӕндӕттӕй сӕ иу. Тиры моладзандон ӕй кӕй хонынц, уый иуӕй-иуты фергъуыйау кӕны, фӕлӕ нӕу бӕрӕг, финикийаг горӕт Тиримӕ баст у, ӕви хуымӕтӕг ӕмцау у, уый.
Ног хабӕртты лентӕ
0