Косачев: ног президенты раз ӕрлӕудзӕн РХИ экономикон ӕмӕ ӕдасдзинады райрӕзты фарстытӕ

Косачев: ног президенты раз ӕрлӕудзӕн РХИ экономикон ӕмӕ ӕдасдзинады райрӕзты фарстытӕ
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны ног президенты сӕвзӕрстимӕ республикӕйы ӕддагон политикӕйы не ‘рцӕудзысты стыр ивындзинӕдтӕ, фехъусын кодта радио Sputnik Хуссар Ирыстоны интервьюйы Уæрæсейы Федерацийы Советы комитеты сæргълæууæг Константин Косачев.
Хуссар Ирыстоны 8 майы ацыд президентон ӕвзӕрстыты дыккаг тур, развӕлгъау бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ рамбылдта Гаглойты Алан.
"Мӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, ивындзинӕдтӕ ӕрцӕудзысты фылдӕр мидӕггагон политикӕйы. Мах нӕ хъус дарӕм, уӕ бӕстӕйы цы хабӕрттӕ цӕуы, уыдонмӕ, фӕлӕ мемӕ сразы уыдзыстут, Уӕрӕсе кӕй ницы хуызы бандӕвта ацы ӕвзӕрстыты фӕстиуджытыл. Мах адӕмы ӕвзӕрстыл сразы стӕм", - загъта Косачев.
Политик ма банысан кодта, ног президенты раз кӕй ӕрлӕудзысты вазыгджын фарстытӕ.
"Фыццаджыдӕр, республикӕйы экономикон ӕмӕ социалон райрӕзты фарстытӕ, ныртӕккӕ уыцы стабилондзинад Уӕрӕсейы ӕххуысӕй цӕуы арӕзт. Мах дарддӕр дӕр цӕттӕ стӕм ӕххуыс кӕнынмӕ. Фӕлӕ уӕддӕр Хуссар Ирыстон хъуамӕ йӕхӕдӕг дӕр агура экономикон райрӕзты фӕндӕгтӕ", - бахахх кодта Косачев.
Дыккаг вазыгджын фарст, политикы хъуыдымӕ гӕсгӕ, у ӕдасдзинады ифтонгад. Уӕрӕсейы ӕххуыс ацы фарсты вазыгджын хъуыддаг у, фӕлӕ баззайдзӕн актуалон фарстӕй, цалынмӕ Хуссар Ирыстоны хӕдбардзинад нымад ма ӕрцӕуа, уӕдмӕ.
Ног хабӕртты лентӕ
0