Цæгат Иры театры аивадон къухдариуæггæнæг: Хъæцмæзты Фатимæ уыд гениалон артисткæ

Цæгат Ирыстоны Академион театры аивадон къухдариуæггæнæг: Хъæцмæзты Фатимæ уыд гениалон артисткæ
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны Паддзахадон драмон театрыл стыр зиан æрцыд – фæхъуыд Адӕмон артисткӕ, Цӕгат Ирыстоны сгуыхт артисткӕ, режиссер Хъæцмæзты Фатимæ. Йæ мысинæгтæ артисткæйы тыххæй Sputnik радзырдта Цæгат Ирыстоны Академион театры аивадон къухдариуæггæнæг Уалыты Гиви.
Уый банысан кодта, зæгъгæ, ахæм кадртæ, куыд Хъæцмæзты Фатимæ, сты зынаргъ ирон театрæн.
"Æз хъуыды кæнын, йæ куыст æппæтуæрæсейаг театры спектакль "Æртæ рæсугъды" куыд зæрдæргъæвдæй архайдта", - банысан кодта режиссер.
Уалыты Гивийы ныхæстæм гæсгæ, Фатимæйæн тынг бирæ плæнттæ уыд, фæлæ, хъыгагæн, йæ къухы нæ бафтыдысты. Афтæ ма уый банысан кодта, Хъӕцмӕзон кæй уыд гениалон артисткæ æмæ бахызт алыхуызон рольтæ хъазыны кары.
Бæстондæрæй æрмæгмæ хъусут радио Sputnik Хуссар Ирыстон 106.3 fm.
Ног хабӕртты лентӕ
0