УФ ракетон ӕфсӕдтӕ ӕхсӕвмӕ скуынӕг кодтой украинӕйаг националистты фӕткдаруаты 33 пункты

© Sputnik / Михаил Андроник /  Ахизын медиабанкмæУФ ракетон ӕфсӕдтӕ ӕхсӕвмӕ скуынӕг кодтой украинӕйаг националистты фӕткдаруаты 33 пункты
УФ ракетон ӕфсӕдтӕ ӕхсӕвмӕ скуынӕг кодтой украинӕйаг националистты фӕткдаруаты 33 пункты - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 10.05.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 10 мая – Sputnik. Уӕрӕсейы ракетон ӕфсӕдтӕ ӕмӕ артиллерийы дӕлхайӕдтӕ скуынӕг кодтой ныхмӕлӕууӕджы фӕткдаруаты 33 пункты, ӕфсӕддонтӕ ӕмӕ ӕфсӕддон техникӕйы 407 лӕууыны бынаты, хӕстӕрмӕджытӕ ӕмӕ ӕртаджы фондз ӕфтауцы. Уый тыххӕй райсомы брифингыл фехъусын кодта Уӕрӕсейы Федерацийы Хъахъхъӕнынады министрады официалон минӕвар инӕлар-майор Игорь Конашенков.
Ӕхстыты фӕстиуӕгӕн скуынӕг кодтой 380 онг нациналистты ӕмӕ ӕфсӕддон техникӕйы 53 иуӕджы.
ЛАР ӕмӕ УФ ӕфсад атыдтой украинӕйаг хъахъхъӕнынад ӕмӕ рахызтысты республикӕйы арӕнтӕм - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 10.05.2022
ЛАР ӕмӕ УФ ӕфсад атыдтой украинӕйаг хъахъхъӕнынад ӕмӕ рахызтысты республикӕйы арӕнтӕм
Сӕрмагонд ӕфсӕддон операцийы райдайӕнӕй ӕдӕппӕт скуынӕг кодтой: 163 хӕдтӕхӕджы, 124 вертолеты, 793 ӕнтӕпилотон тӕхӕг аппараты, 300 зенитон ракетон комплексы, танктӕ ӕмӕ ӕндӕр бронетехникӕйы 2979 иуӕджы, залпон ӕхсты реактивон системӕты 351 иуӕджы, быдырон артиллери ӕмӕ минометты 1440 сармадзаны, сӕрмагонд ӕфсӕддон автомобилон техникӕйы 2789 иуӕджы.
Ног хабӕртты лентӕ
0