https://sputnik-ossetia.com/20220511/afsddon-ekspert-bambaryn-kodta--tsmn-ta-knynts-nogy-yaderon-katastrofyy-koy-16674542.html
Ӕфсæддон эксперт бамбарын кодта, цæмæн та кæнынц ногæй ядерон катастрофæйы кой
Ӕфсæддон эксперт бамбарын кодта, цæмæн та кæнынц ногæй ядерон катастрофæйы кой
Sputnik Хуссар Ирыстон
Уæрæсейы Федерацийы советы сенатор Алексей Пушков загъта, зæгъгæ, Ныгуылæнæн йæ бон нæу басæттын, дуне кæй у бирæполярон, æмæ уый æркæндзæн интенсивон... 11.05.2022 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2022-05-11T15:44+0300
2022-05-11T15:44+0300
2022-05-12T10:39+0300
хуссар ирыстоны
радио иронау
политикӕ
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e6/05/0b/16672502_26:0:1014:556_1920x0_80_0_0_127b6a456ef241fde194431c4140ea9d.jpg
Ног дунеон формат æмæ валютон дуне: Александр Жилин ядерон катастрофæй тыххæй
Sputnik Хуссар Ирыстон
Ног дунеон формат æмæ валютон дуне: Александр Жилин ядерон катастрофæй тыххæй
Уæрæсейы Федерацийы советы сенатор Алексей Пушков загъта, зæгъгæ, Ныгуылæнæн йæ бон нæу басæттын, дуне кæй у бирæполярон, æмæ уый æркæндзæн интенсивон конфликттæм, тæссаг у ядерон катастрофæйæ. Уый тыххæй Sputnik йæ хъуыды загъта журналист, æфсæддон эксперт Александр Жилин.Александр Жилины хъуыдымæ гæсгæ, ахæм темæтыл дзурын райдайынц, цæмæй æндæр процестæм адæм сæ хъус мауал дарой. Уыцы процестæ цæуынц æхгæд форматы. Гæнæн ис æмæ уой ног дунеон формат, ног валютон дуне. "Бæлвырдæй йæ зонын, ядерон хотых кæй у уромыны фактор, хæстон архайды амал нæ, фæлæ. Афтæ куы нæ уыдаид, уæд ситуаци бынтон æндæрхуызон райрæзтаид, бирæ драмматикондæр æгъдауæй", - бахахх кодта Жилин. Йæ хъуыдымæ гæсгæ, дуне уыдзæн дыууæ полюсимæ. Полюстæй иу арæзт куы уа цалдæр паддзахадæй, уæд гæнæн ис æмæ йæ схонæм бирæполярон дуне, фæлæ бынтон раст нæ уыдзæнис уыцы хъуыды. "Зæгъæм Америкæйы Иугонд Штаттæ иуæрдыгæй, Китай иннæ ᾿рдыгæй. Китайæн цæдисонтæ, зæгъæм Уæрæсе æмæ æндæртæ, Америкæйæн та - Европæ æмæ æндæртæ. Фæлæ ахæм уавæры дæр дунейæн бирæполярон схонæн нæй - уæддæр ын уыдзæн æрмæстдæр дыууæ полюсы", - æмбарын кæны эксперт.Бæстондæрæй æрмæгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстон.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2022
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e6/05/0b/16672502_149:0:890:556_1920x0_80_0_0_478d5d2e1af98bf67da123117409bc00.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, радио иронау , политикӕ, аудио
хуссар ирыстоны, радио иронау , политикӕ, аудио
Уæрæсейы Федерацийы советы сенатор Алексей Пушков загъта, зæгъгæ, Ныгуылæнæн йæ бон нæу басæттын, дуне кæй у бирæполярон, æмæ уый æркæндзæн интенсивон конфликттæм, тæссаг у ядерон катастрофæйæ. Уый тыххæй Sputnik йæ хъуыды загъта журналист, æфсæддон эксперт Александр Жилин.
"Ядерон хæсты тыххæй ныхæстæ куы фехъусын, уæд мæ зæрдыл æрбалæууы Горбачевы дуджы истери. Советон рæстæджы æфсæддон службæ куы цыдтæн – уæд дæр хъæр кодтой, зæгъгæ, сом ядерон хæстæй фесæфдзыстæм", - æрымысыд эксперт.
Александр Жилины хъуыдымæ гæсгæ, ахæм темæтыл дзурын райдайынц, цæмæй æндæр процестæм адæм сæ хъус мауал дарой. Уыцы процестæ цæуынц æхгæд форматы. Гæнæн ис æмæ уой ног дунеон формат, ног валютон дуне.
"Бæлвырдæй йæ зонын, ядерон хотых кæй у уромыны фактор, хæстон архайды амал нæ, фæлæ. Афтæ куы нæ уыдаид, уæд ситуаци бынтон æндæрхуызон райрæзтаид, бирæ драмматикондæр æгъдауæй", - бахахх кодта Жилин.
Йæ хъуыдымæ гæсгæ, дуне уыдзæн дыууæ полюсимæ. Полюстæй иу арæзт куы уа цалдæр паддзахадæй, уæд гæнæн ис æмæ йæ схонæм бирæполярон дуне, фæлæ бынтон раст нæ уыдзæнис уыцы хъуыды.
"Зæгъæм Америкæйы Иугонд Штаттæ иуæрдыгæй, Китай иннæ ᾿рдыгæй. Китайæн цæдисонтæ, зæгъæм Уæрæсе æмæ æндæртæ, Америкæйæн та - Европæ æмæ æндæртæ. Фæлæ ахæм уавæры дæр дунейæн бирæполярон схонæн нæй - уæддæр ын уыдзæн æрмæстдæр дыууæ полюсы", - æмбарын кæны эксперт.
Бæстондæрæй æрмæгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстон.