УФ ӕфсӕдтӕ сӕрмагонд операцийы рӕстӕджы скуынӕг кодтой 807 ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараты

© Минобороны РоссииУФ ӕфсӕдтӕ сӕрмагонд операцийы рӕстӕджы скуынӕг кодтой 807 ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараты
УФ ӕфсӕдтӕ сӕрмагонд операцийы рӕстӕджы скуынӕг кодтой 807  ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараты - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 11.05.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 11 май – Sputnik. Украинӕйы ӕфсӕддон операцийы райдайӕнӕй уӕрӕсейаг ӕфсӕддонтӕ скуынӕг кодтой 807 ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараты, 164 хӕдтӕхӕджы, 125 вертолеты. Уый тыххӕй брифингыл фехъусын кодта Уӕрӕсейы Хъахъхъӕнынады министрады минӕвар инӕлар-майор Игорь Конашенков.
Афтӕ ма операцийы райдайӕнӕй скуынӕг кодтой 302 зенитон ракетон комплексы, танктӕ ӕмӕ ӕндӕр бронетехникӕйы 2998 иуӕджы, залпон ӕхсты реактивон системӕты 360 иуӕджы, быдырон артиллери ӕмӕ минометты 1455 сармадзаны, сӕрмагонд ӕфсӕддон автомобилон техникӕйы 2808 иуӕджы.
ЛАР ӕмӕ УФ ӕфсад атыдтой украинӕйаг хъахъхъӕнынад ӕмӕ рахызтысты республикӕйы арӕнтӕм - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 10.05.2022
ЛАР ӕмӕ УФ ӕфсад атыдтой украинӕйаг хъахъхъӕнынад ӕмӕ рахызтысты республикӕйы арӕнтӕм
Уӕрӕсе 24 февралы райдыдта сӕрмагонд ӕфсӕддон операци Украинайы демилитаризаци ӕмӕ денацификацийы фӕдыл. Бӕстӕйы Хъахъхъӕнынады министрады куыд банысан кодтой, афтӕмӕй УФ Гарзджын тыхтӕ ӕхсынц ӕрмӕстдӕр ӕфсӕддон инфраструктурӕ ӕмӕ украинӕйаг ӕфсӕдты.
Ног хабӕртты лентӕ
0