Хуссар Иры столицӕйы ацӕудзӕн гом турнир боксӕй

© Sputnik / Фатима ПлиеваБоксы скъола
Боксы скъола - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 12.05.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 12 май – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны столицӕйы ацӕудзӕн гом фыццагад бокӕсӕй. Ерыстӕ нывонд уыдзысты Стыр Уӕлахизы 77-ӕм афӕдзыбонӕн, фехъусын кодта Sputnik Боксы скъолайы директор Кокойты Мурат.
Ерыстӕ цӕудзысты дыууӕ боны дӕргъы, 13-14 майы Боксы скъолайы бӕстыхайы. Сӕ баконды церемони ацӕудзӕн цытджын уавӕры.
"Уадзӕм горӕт Цхинвалы гом фыццагад боксӕй. Нӕхи спортсментӕй дарддӕр ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм 20 боксермӕ Цӕгат Ирыстонӕй", - загъта Кокойты Мурат.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, тохты архайдзысты кӕстӕр фӕлтӕр - 2006-2007 ӕмӕ 2008-2009 азы гуырд спортсментӕ.
Ног хабӕртты лентӕ
0