Сӕрмагонд операцийы рӕстӕджы УФ Гарзджын тыхтӕ скуынӕг кодтой 164 украинӕйаг хӕдтӕхӕджы

© Sputnik / РИА Новости /  Ахизын медиабанкмæВерттӕхӕг
Верттӕхӕг - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 12.05.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 12 май — Sputnik. Сӕрмагонд ӕфсӕддон операцийы райдианӕй ӕдӕппӕт куынӕг ӕрцыдысты 164 украинӕйаг хӕдтӕхӕджы, 125 верттӕхӕджы, 821 ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараты. Уый тыххӕй фехъусын кодта Уӕрӕсейы Хъахъхъӕнынады министрады официалон минӕвар Игорь Конашенков.
Федералон ӕдасдзинады службӕйы кусӕг - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 12.05.2022
Курскы аиуварс кодтой теракт, кӕцы цӕттӕ кодтой украинӕйаг сӕрмагонд службӕтӕ
Афтӕ ма операцийы райдайӕнӕй скуынӕг кодтой 303 зенитон ракетон комплексы, танктӕ ӕмӕ ӕндӕр бронетехникӕйы 3013 иуӕджы, залпон ӕхсты реактивон системӕты 364 иуӕджы, быдырон артиллери ӕмӕ минометты 1471 сармадзаны, сӕрмагонд ӕфсӕддон автомобилон техникӕйы 2824 иуӕджы.
Уӕрӕсе 24 февралы райдыдта сӕрмагонд ӕфсӕддон операци Украинайы демилитаризаци ӕмӕ денацификацийы фӕдыл. Бӕстӕйы Хъахъхъӕнынады министрады куыд банысан кодтой, афтӕмӕй УФ Гарзджын тыхтӕ ӕхсынц ӕрмӕстдӕр ӕфсӕддон инфраструктурӕ ӕмӕ украинӕйаг ӕфсӕдты.
Ног хабӕртты лентӕ
0