Хуссар Иры фӕстаг хӕрзбон загътой поэт, фыссӕг ӕмӕ публицист Хъодалаты Герсанӕн

© Natalia AiriyanХуссар Иры фӕстаг хӕрзбон загъта поэт, фыссӕг ӕмӕ публицист Хъодалаты Герсанӕн
Хуссар Иры фӕстаг хӕрзбон загъта поэт, фыссӕг ӕмӕ публицист Хъодалаты Герсанӕн - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 13.05.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 13 мая — Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Хуссар Ирыстоны фӕстаг хӕрзбон загътой номдзыд ирон поэт, публицист, тӕлмацгӕнӕг, журнал "Фидиуӕг"-ы сӕйраг редактор Хъодалаты Герсанӕн. Сфӕлдыстадон интеллегенцийы ирд минӕвары афӕндараст кӕнынмӕ майрӕмбоны ӕрӕмбырд сты йӕ хиуӕттӕ, бинонтӕ, афтӕ ма йӕ коллегӕтӕ, хицауады уӕнгтӕ ӕмӕ ӕхсӕнады минӕвӕрттӕ.

"Ирон литературӕйыл ӕрцыд стыр зиан – йӕ цардӕй ахицӕн Зурабы фырт Герсан. Йӕ хайбавӕрдыл литературӕмӕ нырма фыссдзысты чингуытӕ", - загъта Кокойты Тарзан фыдохы митингыл.

Ӕӕмбырдуӕвджытӕн Хъодалаты Герсаны цардыл радзырдта Хъуылымбегты Роберт.
"Хъодалаты бинонтӕ раджы баззадысты ӕнӕ ныййарджытӕй ӕмӕ бинонты царды бӕрн йӕхимӕ райста Герсан", - - банысан кодта уый.
© Sputnik / Natalia AiriyanХуссар Иры фӕстаг хӕрзбон загъта поэт, фыссӕг ӕмӕ публицист Хъодалаты Герсанӕн
Похороны поэта, писателя и публициста Герсана Кодалаева - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 13.05.2022
Хуссар Иры фӕстаг хӕрзбон загъта поэт, фыссӕг ӕмӕ публицист Хъодалаты Герсанӕн
Хъуылымбегты Роберт ма бафтыдта, зӕгъгӕ, Герсан иуыл фылдӕр уарзта ирон литературӕ. Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, Хъодалаты бинонтӕ цы хъӕуы цардысты, уым скъолайы ахуыргӕнӕгӕй куыста ирон прозаик, публицистикӕйы бындурӕвӕрӕг Коцойты Арсен ӕмӕ уый руаджы ӕвзонг Герсан дӕр афтӕ тынг бауарзта пэзи ӕмӕ прозӕ.
"Хистӕр фӕлтӕр зонынц, куыд зын уыд уыцы рӕстӕджы ссарын чиныг мадӕлон ӕвзагыл. Библиотекӕйы Герсан алкӕцы чиныг дӕр бафарста. Уый афтӕ тынг бауарзта литературӕ, ӕмӕ йӕхӕдӕг дӕр райдыдта фыссын. Йӕ фыццаг ӕмдзӕвгӕ уый ныффыста 12 азы кары", - радзырдта Хъуылымбегты Роберт.
© Sputnik / Natalia AiriyanХуссар Иры фӕстаг хӕрзбон загъта поэт, фыссӕг ӕмӕ публицист Хъодалаты Герсанӕн
Похороны поэта, писателя и публициста Герсана Кодалаева - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 13.05.2022
Хуссар Иры фӕстаг хӕрзбон загъта поэт, фыссӕг ӕмӕ публицист Хъодалаты Герсанӕн
Фыдохы митингыл Хъодалаты Герсанӕн нывонд ӕмдзӕвгӕ бакаст хуссарирыстойнаг поэтессӕ Чехойты Ольга.
Паддзахады сӕргълӕууӕг Бибылты Анатолий дӕр раныхас кодта ӕрӕмбырдуӕвджыты раз.
"Хъодалаты Герсан уыд зонад ӕмӕ культурӕйы зынгӕ архайӕг. Уый йӕ цард снывонд кодта ирон литературӕйӕн", - загъта Бибылты Анатолий.
Хъодалаты Герсаны бавӕрдтой Хуссар Ирыстоны Национ пантеоны.
© Sputnik / Natalia AiriyanХуссар Иры фӕстаг хӕрзбон загъта поэт, фыссӕг ӕмӕ публицист Хъодалаты Герсанӕн
Похороны поэта, писателя и публициста Герсана Кодалаева - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 13.05.2022
Хуссар Иры фӕстаг хӕрзбон загъта поэт, фыссӕг ӕмӕ публицист Хъодалаты Герсанӕн
Хъодалаты Герсан райгуырд 15 октябры 1938 азы Ленингоры районты Уӕллаг Захъхъоры хъӕуы. Йӕ фыццаг ӕмдзӕвгӕтӕ райдыдта фыссын скъолайы кары, мыхуыр ын цыдысты район газет "Ленинон". Уый фӕстӕ йӕ ныфс бахаста фембӕлын фысджыты цӕдисы хистӕр Гафезимӕ. Герсан йе сфӕлдыстадӕй раджы скодта йӕхицӕн ном ӕмӕ 1964 азы рацыд йӕ фыццаг ӕмдзӕвгӕты ӕмбырд гонд "Бæлццон".
© Sputnik / Natalia AiriyanХуссар Иры фӕстаг хӕрзбон загъта поэт, фыссӕг ӕмӕ публицист Хъодалаты Герсанӕн
Похороны поэта, писателя и публициста Герсана Кодалаева - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 13.05.2022
Хуссар Иры фӕстаг хӕрзбон загъта поэт, фыссӕг ӕмӕ публицист Хъодалаты Герсанӕн
Ног хабӕртты лентӕ
0