https://sputnik-ossetia.com/20220513/khussar-iry-raydydta-tskhinvaly-gom-turnir-boksay-16698127.html
Хуссар Иры райдыдта Цхинвалы гом турнир боксӕй
Хуссар Иры райдыдта Цхинвалы гом турнир боксӕй
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 13 май – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны столицӕйы Спорты скъолайы райдыдтой тохтӕ рынгыл Стыр Уӕлахизы 77 азы цытӕн горӕт Цхинвалы гом... 13.05.2022 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2022-05-13T14:43+0300
2022-05-13T14:43+0300
2022-05-13T17:21+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
спорт
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e6/05/0d/16701376_0:160:3072:1888_1920x0_80_0_0_4305b7f8af0585b64c1ca12b6bfe235d.jpg
ЦХИНВАЛ, 13 май – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны столицӕйы Спорты скъолайы райдыдтой тохтӕ рынгыл Стыр Уӕлахизы 77 азы цытӕн горӕт Цхинвалы гом фыццагады фӕлгӕтты. Турниры тох кӕнынц Цӕгат ӕмӕ Хуссар Ирыстоны боксертӕ.Цхинвалы Спорты скъолайы стыр залмӕ ӕрӕмбырд сты республикӕйы ӕппӕт боксертӕ ӕмӕ тренертӕ. Тохтӕм йӕ цӕст дардта Хуссар Ирыстоны ӕнтыстджындӕр боксер Гӕджиты Гурам."Ацы фӕсивӕды кары ӕз дӕр афтӕ тох кодтон, фӕстӕдӕр сӕ архайд фӕхуыздӕр уыдзӕн", - загъта боксер.Ӕхсӕз къай сӕ тохтӕй куы ахицӕн кодтой, уӕд официалон ӕгъдауӕй турнир конд ӕрцыд. Ерысты уазджыты нымӕцы уыд президент Бибылты Анатолий дӕр.Ерыстӕ цӕудзысты сом дӕр. Абон ацӕудзысты 19 тохы, сабатмӕ нысан сты финалон тохтӕ.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2022
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e6/05/0d/16701376_172:0:2901:2047_1920x0_80_0_0_adffae8054f6a4eb427d523d0e007014.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, спорт
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, спорт
Хуссар Иры райдыдта Цхинвалы гом турнир боксӕй
14:43 13.05.2022 (Ранӕуӕггонд: 17:21 13.05.2022) ЦХИНВАЛ, 13 май – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны столицӕйы Спорты скъолайы райдыдтой тохтӕ рынгыл Стыр Уӕлахизы 77 азы цытӕн горӕт Цхинвалы гом фыццагады фӕлгӕтты. Турниры тох кӕнынц Цӕгат ӕмӕ Хуссар Ирыстоны боксертӕ.
"Куыд ӕнхъӕлмӕ кастыстӕм, уымӕй хуыздӕр. Цӕгат Ирыстонӕй ӕрцыд цалдӕр секцийӕ боксертӕ, горӕттӕ Дзӕуыджыхъӕу ӕмӕ Беслӕнӕй", - загъта боксы скъолайы директор Кокойты Мурӕт.
Цхинвалы Спорты скъолайы стыр залмӕ ӕрӕмбырд сты республикӕйы ӕппӕт боксертӕ ӕмӕ тренертӕ. Тохтӕм йӕ цӕст дардта Хуссар Ирыстоны ӕнтыстджындӕр боксер Гӕджиты Гурам.
"Ацы фӕсивӕды кары ӕз дӕр афтӕ тох кодтон, фӕстӕдӕр сӕ архайд фӕхуыздӕр уыдзӕн", - загъта боксер.
Ӕхсӕз къай сӕ тохтӕй куы ахицӕн кодтой, уӕд официалон ӕгъдауӕй турнир конд ӕрцыд. Ерысты уазджыты нымӕцы уыд президент Бибылты Анатолий дӕр.
"Зынаргъ спортсментӕ, тренертӕ ӕмӕ кӕсджытӕ, арфӕ уын кӕнын Стыр Уӕлахизы боны фӕдыл. Стыр бузныг уын зӕгъын кӕй нӕ рох кӕнут нӕ истори ӕмӕ йын нывонд кӕнут ерыстӕ. Ӕнтыстытӕ ӕмӕ уӕлахизтӕ уын мӕ зӕрдӕ зӕгъы", - загъта президент.
Ерыстӕ цӕудзысты сом дӕр. Абон ацӕудзысты 19 тохы, сабатмӕ нысан сты финалон тохтӕ.