Уӕрӕсейы авиаци скуынӕг кодта америкӕйаг уӕлдӕфон хъахъхъӕнынады станц Украинӕйы

© Sputnik / РИА Новости /  Ахизын медиабанкмæВертолеттӕ
Вертолеттӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 13.05.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 13 май - Sputnik. Харьковы районы уӕрӕсейаг авиаци скуынӕг кодта америкӕйаг уӕлдӕфон хъахъхъӕнынады радиолокацион станц. Уый тыххӕй райсомы брифингыл фехъусын кодта Уӕрӕсейы Федерацийы Хъахъхъӕнынады министрады официалон минӕвар инӕлар-майор Игорь Конашенков.
"Харьковы районы скуынӕг кодтой дыууӕ украинӕйаг залпон ӕхсты реактивон ситемӕ "Град" ӕмӕ америкӕйаг уӕлдӕфон хъахъхъӕнынады радиолокацион станц", - загъта уагдоны минӕвар.
Афтӕ ма оперативон-тактикон ӕмӕ ӕфсӕддон авиаци фехстой ныхмӕлӕууӕджы ӕфсӕддонты ӕмӕ техникӕйы 153 лӕууыны бынаты.
Ӕдӕппӕт сӕрмагонд ӕфсӕддоноперацийы райдайӕнӕй скуынӕг кодтой: 165 хӕдтӕхӕджы, 125 вертолеты, 842 ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараты, 304 зенитон ракетон комплексы, танктӕ ӕмӕ ӕндӕр бронетехникӕйы 3032 иуӕджы, залпон ӕхсты реактивон системӕты 368 иуӕджы, быдырон артиллери ӕмӕ минометты 1491 сармадзаны, сӕрмагонд ӕфсӕддон автомобилон техникӕйы 2869 иуӕджы.
Ног хабӕртты лентӕ
0