"Уæрæсейы æвварс" политик Америкæйы: эксперты хъуыды

«Уæрæсейы æвварс» политик Америкæйы: эксперты хъуыды
Рафыссын
Америкæйы штат Кентуккийы сенатор Рэнд Пол ныбблок кодта, Киевæны цы 40 миллиард доллары хъуамæ рахицæн кодтаиккой, уыдон. Уымæ гæсгæ йæ Украинæйы схуыдтой "Уæрæсейы æвварс политик". Уый тыххæй Sputnik йæ хъуыды загъта уæрæсейаг эксперт, политикон зонæдты доктор Андрей Кошкин.
Уый радзырдта, зæгъгæ Рэнд Полы фæндыд законопроектмæ ивындзинад бахæссын, цæмæй финансон фæрæзтæ федералон æгъдауæй сгæрст цæуой, фæлæ уыцы ивындзинадыл не сразы сты.
"Америкæйы фылдæр райдзайдзысты æмбарын, сæхи проблемæтыл сæ кæй хъæуы дзурын, Украинæйы позитиæ фидар кæныны бæсты", - бафиппайдта Кошкин.
Эксперты хъуыдымæ гæсгæ, кæд АИШ-ы иумæйаг бюджетæн 40 миллиард доллары стыр суммæ нæу, уæддæр ахæм прецедент никуы уыд, цæмæй иугæндзонæй искæцы паддзахадæн уыййас финансон фæрæзтæ рахицæн кæной.
"Джо Байдены фырт радзырдта. зæгъгæ, уыцы æхцатæй кæд авд миллирады бахæццæ уой украинæгтæм, уæд хорз, иннæтæ баззайдзытсы АИШ-ы æмæ Киевы коррупцион схемæты. Уыцы адæймаг зоны цæуыл дзуры", - банысан кодта Андрей Кошкин.
Киевæй уыцы хъуыддагмæ æндæр цæстæй кæсынц: кæд æмæ сенатор нæ дæтты æхца, уæд хæцы Уæрæсейы ᾿вварс. Украинæйæн æхцайы фæрæзтæ рахицæн кæныны тыххæй радон æмбырд ацæудзæн ног къуыри.
Бæстондæрæй æрмæгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстон.
Ног хабӕртты лентӕ
0