Сир цы у æмæ йæ куыд фыцынц

Сир цы у æмæ йæ куыд фыцынц
Рафыссын
Ирыстоны этнографион хæринæгтæй иу у сир. Хуырхыл, кæнæ доныл агмæ кодтой хоры ссад æмæ йæ змæстой æртыкъухыгæй. Хоры ссад нæй, уæд бæззы мæнæуы ссад дæр. Æртыкъухыгæй сир змæстой, цалынмæ йыл тых кодта, цалынмæ йæ æртыкъухыг фæрæзта, уæдмæ. Фæлæ-иу куы фæбæзджын, уæд та архайдтой фидар хъæдын змæнтæнæй.
Сир зынæй фыцы, фæлæ уæддæр искуы сфыцы, æнгуылдз ыл авæр агмæ æмæ, къухыл куы нал хæца, уæд. Сиры къусы хицау иу кæронæй раскъуыны дзæбæх дæргъæццон тула, уыцы уæрмы йæ атулы æмæ йæ аныхъуыры.
Сир æууилгæ ничи кæны, уидыгæй йæм ничи æвналы, æнæ царв кæнæ æнæ ‘хсыр ныхъуырын нæ комы æмæ дзы ад дæр нæй. Уыцы тула царвæй алæгъз вæййы æмæ уый фæрцы хъуыры æнцонæй фæдæлæмæ вæййы.
Сир тагъд-тагъд хæрынц, цалынмæ нæ фелгъæд уа адæймаг.
Гæбæраты Никъалайы чиныг "Афтæ цæмæн дзурæм"-мæ гæсгæ.
Бæстондæрæй æрмæгмæ хъусут радио Sputnik Хуссар Ирыстоны 106.3 fm.
Ног хабӕртты лентӕ
0