Хуссар Иры бакӕндзысты стационар психикон низтимӕ пациенттӕн хоскӕнынадӕн

© Photo : Пресс-служба Минздрава РЮОРынчындон
Рынчындон - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 16.05.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 16 май – Sputnik. Хуссар Ирыстоны ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрад цӕттӕ кӕны проект психикон низтимӕ пациенттӕн хоскӕнынадӕн стационар бакӕныны фӕдыл.
"Ныртӕккӕ специалистты хыгъды лӕууынц 1400 адӕймагмӕ ӕввахс", - фехъусын кодтой уагдоны пресс-службӕйы.
Уагдоны куыд банысан кодтой, афтӕмӕй проект ис кӕронбӕттӕн стадийыл. Профилон уагдӕттимӕ баныхасы фӕстӕ уый среализаци кӕндзысты цыбыр ӕмгъуыдмӕ.
"Уагдоны базӕйыл ма уагъд цӕудзӕн тӕрхондонон-психиатрон экспертизӕ", - бафтыдтой пресс-службӕйы.
Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрады ма бафтыдтой, проект дзуапп кӕй дӕтты профилон пациенттӕн хос кӕныны ӕнӕмӕнгхъӕугӕ домӕнтӕн.
Ног хабӕртты лентӕ
0