https://sputnik-ossetia.com/20220516/khussar-iry-skolatay-iuan-radtoy-inalar-kharebaty-zelimkhany-nom-16719153.html
Хуссар Иры скъолатӕй иуӕн радтой инӕлар Харебаты Зелимханы ном
Хуссар Иры скъолатӕй иуӕн радтой инӕлар Харебаты Зелимханы ном
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 16 мая – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны Дзауы районы Хуыцъейы астӕуккаг скъолайӕн лӕвӕрд ӕрцыд инӕлар Харебаты Зелимханы ном. Се 'мзӕххоны ном... 16.05.2022 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2022-05-16T10:09+0300
2022-05-16T10:09+0300
2022-05-16T11:11+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
стыр уӕлахиз
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e6/05/10/16719472_0:0:1237:696_1920x0_80_0_0_82e0bcc2fe30fd950fcc6b5163821b63.jpg
ЦХИНВАЛ, 16 мая – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны Дзауы районы Хуыцъейы астӕуккаг скъолайӕн лӕвӕрд ӕрцыд инӕлар Харебаты Зелимханы ном. Се 'мзӕххоны ном сӕнусон кӕныны церемони ацыд цытджын уавӕры, радзырдтой Sputnik районы администрацийы пресс-службӕйы.Ацы хъӕуӕй рацӕугӕ инӕлар Харебаты Зелимхан Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕсты быдыры равдыста хъӕбатырдзинад. Уый йӕ хӕстон фӕндаджы фӕстӕ ӕрцыд Хуссар Ирыстомӕ, йӕ ӕнусон бынат дӕр ссардта райгуырдӕн хъӕуы.Номдзыд инӕлары хӕрӕфырт Пӕррӕстаты Ильна йӕ раныхасы бахахх кодта, Харебаты Зелимхан ма йӕ ӕфсӕддон фӕндагӕй дарддӕр уыд фӕзминаг царды дӕр."Тынг уарзта Ирыстон ӕмӕ ирон ӕгъдӕуттӕ", - загъта уый.Харебаты Зелимхан райгуырд Дзауы Районы Хуыцъейы хъӕуы 15 сентябры 1910 азы. Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕсты агъоммӕ уыд Фӕскавказы ӕфсӕддон зылды сконды, разамынд дӕтта хайадӕн. 1942 Харебаты Зелимхан йӕ къордимӕ бахъуызыд знаджы фӕсчьылдыммӕ ӕмӕ амынӕты ракодтой иу адӕймаджы, кӕй фӕрцы сӕ къухы бафтыдысты ӕнӕмӕнгхъӕугӕ зонӕнтӕ. Харебаты Зелимхан йӕ хъӕбатырдзинады тыххӕй хорзӕхджын ӕрцыд Ленины, Сырх Тырысайы, Фыдыбӕстӕйон хӕсты ордентӕй ӕмӕ майдантӕй.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2022
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e6/05/10/16719472_155:0:1083:696_1920x0_80_0_0_c4162b8abd2d192d263c7fcacc212494.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, стыр уӕлахиз
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, стыр уӕлахиз
Хуссар Иры скъолатӕй иуӕн радтой инӕлар Харебаты Зелимханы ном
10:09 16.05.2022 (Ранӕуӕггонд: 11:11 16.05.2022) ЦХИНВАЛ, 16 мая – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны Дзауы районы Хуыцъейы астӕуккаг скъолайӕн лӕвӕрд ӕрцыд инӕлар Харебаты Зелимханы ном. Се 'мзӕххоны ном сӕнусон кӕныны церемони ацыд цытджын уавӕры, радзырдтой Sputnik районы администрацийы пресс-службӕйы.
Ацы хъӕуӕй рацӕугӕ инӕлар Харебаты Зелимхан Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕсты быдыры равдыста хъӕбатырдзинад. Уый йӕ хӕстон фӕндаджы фӕстӕ ӕрцыд Хуссар Ирыстомӕ, йӕ ӕнусон бынат дӕр ссардта райгуырдӕн хъӕуы.
"Скъолайӕн инӕлар Харебаты Зелимханы ном раттыны церемонимӕ ӕрӕмбырд сты бирӕ адӕм - администрацийы кусджытӕ, хъӕуы цӕрджытӕ, ӕхсӕнадон архайджытӕ. Скъоладзаутӕ бацӕттӕ кодтой ӕмдзӕвгӕтӕ ӕмӕ раныхастӕ. Скъолайы директор Къӕбысты Гиви йӕ раныхасы банысан кодта, рагӕй кӕй архайдтой се 'мзӕххоны ном сӕнусон кӕнын", - загъта администрацийы пресс-секретарь Тедеты Лиана.
Номдзыд инӕлары хӕрӕфырт Пӕррӕстаты Ильна йӕ раныхасы бахахх кодта, Харебаты Зелимхан ма йӕ ӕфсӕддон фӕндагӕй дарддӕр уыд фӕзминаг царды дӕр.
"Тынг уарзта Ирыстон ӕмӕ ирон ӕгъдӕуттӕ", - загъта уый.
Харебаты Зелимхан райгуырд Дзауы Районы Хуыцъейы хъӕуы 15 сентябры 1910 азы. Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕсты агъоммӕ уыд Фӕскавказы ӕфсӕддон зылды сконды, разамынд дӕтта хайадӕн. 1942 Харебаты Зелимхан йӕ къордимӕ бахъуызыд знаджы фӕсчьылдыммӕ ӕмӕ амынӕты ракодтой иу адӕймаджы, кӕй фӕрцы сӕ къухы бафтыдысты ӕнӕмӕнгхъӕугӕ зонӕнтӕ. Харебаты Зелимхан йӕ хъӕбатырдзинады тыххӕй хорзӕхджын ӕрцыд Ленины, Сырх Тырысайы, Фыдыбӕстӕйон хӕсты ордентӕй ӕмӕ майдантӕй.