https://sputnik-ossetia.com/20220516/natsizmy-idey-ta-ndidzy-tadtaty-taymuraz-kommentariy-sarzta-polshyy-premery-nykhstn-16729871.html
Нацизмы идейæ та æндидзы: Тадтаты Таймураз комментарий сарæзта Польшæйы премьеры ныхæстæн
Нацизмы идейæ та æндидзы: Тадтаты Таймураз комментарий сарæзта Польшæйы премьеры ныхæстæн
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 16 май — Sputnik, Хъуылымбегты Зæлинæ. Польшæйы хицауады сæргълæууæджы ныхæстæ "уæрæсейаг дуне" скуынæг кæныны тыххæй сты мæнгард æмæ æнæзонд, загъта... 16.05.2022 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2022-05-16T17:12+0300
2022-05-16T17:12+0300
2022-05-16T17:12+0300
ног хабӕрттӕ
хуссар ирыстоны
дунейы
уӕрӕсейы
политикӕ
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/928/62/9286276_0:0:3071:1728_1920x0_80_0_0_3e273538faadd88d0b3aa9bbb23a9bf8.jpg
ЦХИНВАЛ, 16 май — Sputnik, Хъуылымбегты Зæлинæ. Польшæйы хицауады сæргълæууæджы ныхæстæ "уæрæсейаг дуне" скуынæг кæныны тыххæй сты мæнгард æмæ æнæзонд, загъта ХИПУ доцент, историон зонæдты кандидат Тадтаты Таймураз. Польшæйы премьер-министр Матеуш Моравецкий схуыдта "уæрæсейаг дунейы" "ног æбуалгъ идеологи". Тадтаты Таймураз куыд банысан кодта, афтæмæй уыдон сты мæнгард æрсидтытæ æмæ 1941-1945 æзты егъау цауты фæстæ - советон æфсæдтæ сæ цард куы лæвæрдтой Польшæ ссæрибар кæныны сæраппонд æмæ 600 мин адæймаджы куы фесæфтой - ахæм ныхæстæ кæнын у æдылыгомау.Йæ ныхæстæм гæсгæ, Уæрæсемæ негативон ахаст канд политикты хсæн нæ, фæлæ ма хуымæтæг адæмы хсæн дæр фæзыны политикон системæйы тыххæй, кæцыйы Польшæ рæзын кæны. "Фæзынд хъæн идеологийы æмæ уыдон сфæнд кодтой райхъал кæнын фашизм æмæ нацизмы идейæ. Уыдон фарс бонæй-бонмæ балæууынц фылдæрæй-фылдæр европæйæгтæ, Ныгуылæн æмæ АИШ цæрджытæ. Америкæйæгтæ та уыдон ноджы ардауынц æмæ хъазынц негативон роль, раздæр куыд уыдис, афтæ", - загъта уый.Историк бафтыдта, фишизмы идейæтæ кæй райхъал сты даккаг дунейон хæсты фæстæ, фæлæ ныр та сæхи æвдисынц ирддæрæй. Уымæн та æвдисæн сты абоны æрсидтытæ.
https://sputnik-ossetia.com/20220516/uf-fkhm-sarglauuadzhy-khadivag-maskuy-na-basatdzan-finlyandi-ama-shvetsiyy-bakhyztyl-nato-ma-16722649.html
уӕрӕсейы
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2022
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/928/62/9286276_109:0:2840:2048_1920x0_80_0_0_96ee9f06182ec05b2102c0b18190a352.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ, хуссар ирыстоны, дунейы, уӕрӕсейы, политикӕ
ног хабӕрттӕ, хуссар ирыстоны, дунейы, уӕрӕсейы, политикӕ
ЦХИНВАЛ, 16 май — Sputnik, Хъуылымбегты Зæлинæ. Польшæйы хицауады сæргълæууæджы ныхæстæ "уæрæсейаг дуне" скуынæг кæныны тыххæй сты мæнгард æмæ æнæзонд, загъта ХИПУ доцент, историон зонæдты кандидат Тадтаты Таймураз.
Польшæйы премьер-министр Матеуш Моравецкий схуыдта "уæрæсейаг дунейы" "ног æбуалгъ идеологи".
Тадтаты Таймураз куыд банысан кодта, афтæмæй уыдон сты мæнгард æрсидтытæ æмæ 1941-1945 æзты егъау цауты фæстæ - советон æфсæдтæ сæ цард куы лæвæрдтой Польшæ ссæрибар кæныны сæраппонд æмæ 600 мин адæймаджы куы фесæфтой - ахæм ныхæстæ кæнын у æдылыгомау.
"Мах уынæм, æппæт дунейы кæй æндидзынц фашистон, нацистон идейæтæ æмæ мысæм, 40-æм æзты кæронмæ кæй нæ скуынæг кодам фыдох "игæргъуыз емынæйы". Ныр уыцы идейæтæ ног кæнынц СС офицерты цот æмæ цоты цот, уымæ гæсгæ Польшæ дæр абон аразы ахæм куырдиæттæ", - загъта Тадтаты Таймураз.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, Уæрæсемæ негативон ахаст канд политикты хсæн нæ, фæлæ ма хуымæтæг адæмы хсæн дæр фæзыны политикон системæйы тыххæй, кæцыйы Польшæ рæзын кæны.
"Фæзынд хъæн идеологийы æмæ уыдон сфæнд кодтой райхъал кæнын фашизм æмæ нацизмы идейæ. Уыдон фарс бонæй-бонмæ балæууынц фылдæрæй-фылдæр европæйæгтæ, Ныгуылæн æмæ АИШ цæрджытæ. Америкæйæгтæ та уыдон ноджы ардауынц æмæ хъазынц негативон роль, раздæр куыд уыдис, афтæ", - загъта уый.
Историк бафтыдта, фишизмы идейæтæ кæй райхъал сты даккаг дунейон хæсты фæстæ, фæлæ ныр та сæхи æвдисынц ирддæрæй. Уымæн та æвдисæн сты абоны æрсидтытæ.