Ногдзинæдтæ спорты: Хуссар Ирыстоны скъоладзауты ᾿хсæн цæуынц ерыстæ ленк кæнынæй

Ногдзинæдтæ спорты: Хуссар Ирыстоны цæуынц ерыстæ ленк кæнынæй скъоладзауты ᾿хсæн
Рафыссын
Цхинвалы фыццаг хатт ацыдысты ерыстæ ленк кæнынæй скъолаты ᾿хсæн ног форматы. Тренер Евгения Терлеева куыд радзырдта Sputnik, афтæмæй ерысты æрмæст цхинвайлаг скъоладзаутæ райстой хайад, уымæн æмæ районты нæй бассейнтæ.
Сывæллæттæ стыр æхсызгонæй сæмбæлдысты ацы идейæимæ æмæ активонæй хайад райстой мадзалы. Се хсæн æрмæст ленк кæнынмæ чи цæуы, ахæм сывæллæттæ нæ, фæлæ ма æндæр секцитæм чи цæуы, уыдон дæр.
Евгения Терлеева куыд радзырдта, афтæмæй ленк кæнын рæзгæ фæлтæры монон райрæзты программæмæ бахæссыны хъуыды фæзынд 2019 азы уæды хицауады сæргълæууæг Пухаты Эрикмæ.
"Ацы мадзал иунæг нæу, ацы къуыри ма уадздзыстæм акци "Зонын ленк кæнын" 2-3 кълæсты сывæллæтты ᾿хсæн", - бафтыдта тренер.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, мадзалы сæйраг нысан у ныййарджыты æмæ сывæллæтты хъусдард аздахын, ленк кæнын зонын æнæмæнгхъæуæг кæй у сæ дарддæры царды, уыцы хъуыдымæ.
"Эстафетон ленк кæныны алчидæр райста хæрзаудæн приз, афтæ ма чи рамбылдта, уыдоны къласæн дæр хицæнæй радтам призтæ", - фехъусын кодта Терлеева.
Бæстондæрæй æрмæгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Ног хабӕртты лентӕ
0