Иу суткӕмӕ "Азовсталь"-ы 265 ӕфсӕддоны сӕхи радтой уацары

© Sputnik / Алексей Куденко /  Ахизын медиабанкмæ "Азовсталь"
 Азовсталь - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 17.05.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 17 май — Sputnik. Иу бонмӕ 200-йӕ фылдӕр ӕфсӕддоны, кӕцытӕ сӕхи бааууон кодтой комбинат "Азовсталь"-ы Мариуполы, ӕрӕвӕрдтой сӕ хӕцӕнгарз ӕмӕ сӕхи радтой уацары, хъусын кӕны Уӕрӕсейы хъахъхъӕнынады министрад.
"Ивгъуыд суткӕмӕ сӕ хӕцӕнгарз ӕрӕвӕрдтой ӕмӕ рахызтысты 265 ӕфсӕддоны, се хсӕн 51 уӕззау цӕфы. Медицинон ӕххуыс кӕй хъӕуы, уыдон иууылдӕр ӕрвыст ӕрцыдысты Донецкаг Адӕмон Республикӕйы горӕт Новоазовскы рынчындонмӕ", - дзырдӕуы хъусинаджы.
Раздӕр та хъахъхъӕнынады министрады фехъусын кодтой, комбинатӕй кӕй райдыдтой эвакуаци кӕнын украинӕйаг фӕцӕфуӕвӕг ӕфсӕддонты.
Танктӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 17.05.2022
Донецкы Адӕмон Республикӕйы тыхтӕ ссӕрибар кодтой цӕрӕн пункт Дробышево
Ног хабӕртты лентӕ
0