https://sputnik-ossetia.com/20220517/tskhinvaly-iu-khay-bazzad-ana-donay-avarity-akhkhosay-16736007.html
Цхинвалы цӕгаттаг хай баззад ӕнӕ донӕй авариты аххосӕй
Цхинвалы цӕгаттаг хай баззад ӕнӕ донӕй авариты аххосӕй
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 17 май – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны столицӕйы цӕгаттаг микрорайонтӕ, кӕцыты ис ӕдзухон донифтогад, дыццӕджы баззадысты ӕнӕ донӕй, фехъусын... 17.05.2022 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2022-05-17T11:33+0300
2022-05-17T11:33+0300
2022-05-17T11:48+0300
ног хабӕрттӕ
хуссар ирыстоны
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/95/67/956732_0:0:3000:1688_1920x0_80_0_0_c4e87dae78cd1c9e6db3a096bd83a984.jpg
ЦХИНВАЛ, 17 май – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны столицӕйы цӕгаттаг микрорайонтӕ, кӕцыты ис ӕдзухон донифтогад, дыццӕджы баззадысты ӕнӕ донӕй, фехъусын кодта Sputnik "Водоканал"-ы генералон директор Цхуырбаты Алан.Уагдон дыццӕджы ахицӕн кодта Едыс-Цхинвалы магистралон хахх, уымӕ гӕсгӕ ӕнӕ донӕй аззадысты микрорайонтӕ Мӕскуыйаг, Цӕгаттаг, Хурзӕрин ӕмӕ БАМ.Уый ма бафиппайдта, изӕрмӕ куыстытӕ кӕй хъуамӕ ахицӕн уой."Столицӕйы донифтонгад изӕры иууылдӕр сӕндидзын кӕндзыстӕм. Уанат - Цхинвалӕй чи исы дон, уыдон та бынтондӕр нӕ рахатдзысты проблемӕ", - бафтыдта "Водоканал"-ы директор.Хуссар Ирыстоны столицӕ донӕй ифтонг цӕуы дыууӕ линийӕ - Едыс-Цхинвал ӕмӕ Уанат-Цхинвалӕй.
https://sputnik-ossetia.com/20220313/khussar-iry-styrdar-khautay-iuy---tsunary---skuyddzaggond-rtsyd-dony-problem-15868273.html
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2022
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/95/67/956732_231:0:2898:2000_1920x0_80_0_0_b56ff6e317e99a53d5723beb37a9a788.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ, хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ, хуссар ирыстоны
ЦХИНВАЛ, 17 май – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны столицӕйы цӕгаттаг микрорайонтӕ, кӕцыты ис ӕдзухон донифтогад, дыццӕджы баззадысты ӕнӕ донӕй, фехъусын кодта Sputnik "Водоканал"-ы генералон директор Цхуырбаты Алан.
Уагдон дыццӕджы ахицӕн кодта Едыс-Цхинвалы магистралон хахх, уымӕ гӕсгӕ ӕнӕ донӕй аззадысты микрорайонтӕ Мӕскуыйаг, Цӕгаттаг, Хурзӕрин ӕмӕ БАМ.
"Горӕты дыууӕ бынаты ис аваритӕ. Районгай сын ахицӕн кӕныны фадат нӕ уыд, уымӕ гӕсгӕ бахъуыд магистралон хахх ахицӕн кӕнын", - загъта Цхуырбаты Алан.
Уый ма бафиппайдта, изӕрмӕ куыстытӕ кӕй хъуамӕ ахицӕн уой.
"Столицӕйы донифтонгад изӕры иууылдӕр сӕндидзын кӕндзыстӕм. Уанат - Цхинвалӕй чи исы дон, уыдон та бынтондӕр нӕ рахатдзысты проблемӕ", - бафтыдта "Водоканал"-ы директор.
Хуссар Ирыстоны столицӕ донӕй ифтонг цӕуы дыууӕ линийӕ - Едыс-Цхинвал ӕмӕ Уанат-Цхинвалӕй.