Автомобилон эксперты хъуыды завод Renault-ы тыххæй: ног хæдтулгæтæ аслам нæ уыдзысты

Автомобилон эксперты хъуыды францаг хæдтулгæты заводы Renault-ы символикон аргъыл ралæвæрды тыххæй: Собянинæн æндæр гæнæн нæ уыд
Рафыссын
Францаг хæдтулгæты завод Renault радта йæ мæскуыйаг завод Уæрæсейы столицæйы хицауадæн символикон аргъæй. Бадзырдмæ гæсгæ заводæн бар нæй фæстæмæ балхæнын йæ рауагъдад. Цы уыдис ралæвæрды аххосаг æмæ куыд уыдзæн заводы дарддæры хъысмæт, уый тыххæй йæ хъуыды загъта Sputnik-æн автомобилон эксперт Вячеслав Субботин.
Уый загъта, зæгъгæ, Мæскуыйы мэр Собянин раст кæны, уымæн æмæ адæмы хъæуынц куысты бынæттæ. Завод та у егъау амалиуæгад æмæ дзы кусы бирæ адæм.
"Адæм æвиппайды баззадысты æнæ куыстæй. Горæты сæргълæууæгæн æндæр гæнæн нæ уыд. Мæнмæ гæсгæ, уый арæхстджынæй къуцхдариуæгад кæны горæт æмæ сæудæджерадæн æмæ йæ къухы бафтдзæн", - бахахх кодта эксперт.
Æргъты тыххæй та Вячеслав Субботин загъта, зæгъгæ, ацы заводы хæдтулгæтæн сæ аргъ уыдзæн ныры уæрæсейаг автомобилон базарады æргътæм гæсгæ, ома, нæ уыдзысты аслам. Дунейы иумæйагæй инфляци кæй цæуы, уымæ гæсгæ аргъ кæндзысты заводы продукцийæн.
Бæстондæрæй æрмæгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстон 106.3.
Ног хабӕртты лентӕ
0