Хуссар Иры ссардзысты Зары трагедийы амæттæгты нæмттæ

© Sputnik / Наталья АйриянЗары трагеди
Зары трагеди - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 18.05.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 18 май – Sputnik, Тъехты Дзерассæ. Зары трагедийы 30-æм афæдзы бонæн снывонд кæндзысты къорд мысæн мадзалы Хуссар Ирыстоны, фехъусын кодта Sputnik республикæйы культурæйы министр Зассеты Жанна. Уый банысан кодта, ацы аз фыдохы митинг кæй хуыйны "Адæймаджы зæрдæйы хъæрзт".
"Майрæмбоны райсомы 10 сахатыл Цхинвалы Театралон фæзуатыл æнхъæлмæ кæсдзысты автобустæ, кæцытæ адæмы сласдзысты Зары къуылдыммæ. Мадзал райдайдзæн 11 сахатыл. Дзæнгæрæджы хъæры фæстæ сæвæрдзыстæм дидинтæ трагедийы амæттæгты цыртмæ", - загъта Зассеты Жанна.
Хуссар Ирыстоны фӕстаг 30 азы дӕргъы 20 май у фыдохы бон. Ацы бон 1992 азы Зары фӕндагыл гуырдзиаг экстремисттӕ бабадтысты сабыр цӕрджытимӕ машинӕты колоннӕйы раз ӕмӕ сӕ ныццагътой. Фӕмард сты 33 адӕймаджы - сылгоймӕгтӕ, ацӕргӕ адӕм, сывӕллӕттӕ. Сӕ иууыл кӕстӕрыл цыд 11 азы, хистӕрыл та — 76.
Кокойты Тарзан Зары трагедийы тыххӕй: ирон адæмы хъæдгом 29 азмӕ нæ байгас - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 20.05.2021
Кокойты Тарзан Зары трагедийы тыххӕй: ирон адæмы хъæдгом 29 азмӕ нæ байгас
Ног хабӕртты лентӕ
0